Дзанайты Барис архайдта дзуапдæттæг уагдоны коллегийы æмбырды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

180 закъонхæлдæй фылдæр рабæрæг кодта прокуратурæ цӕрджыты фӕрӕзтӕй спайдӕгӕнгӕ хӕдзӕртты арӕзтады къабазы ацы аз. Уый тыххæй фехъусын кодтой дзуапдæттæг уагдоны коллегийы æмбырды. Архайдта дзы Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Дыууæ объектмæ гæсгæ уынаффæ рахастой арӕзтады архайджытӕн сӕ бартӕ раздахын. Уыдон сæ фиддонтæ райсдзысты, хæдзар та арæзт æрцæудзæн. 4 объекты фæдыл хъæугæ гæххæттытæ Фондмæ арвыстой, цæмæй сын уым кæронбæттæн уынаффæ рахæссой. Ацы мæй ма эксплуатацийы радтой иу зæрдæхсаинаг бæстыхай. Хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ кæныны мадзæлтты дзы прокуратурæ раиртæста 200 аиппы. Адæмы бартæ бахъахъхъæнын у прокуратурæ æмæ æххæстгæнæн органты сæйраг хæс - фæнысан кодта Дзанайты Барис. Сæ профессионалон архайдæй у бирæ аразгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv