«Весёлые старты», зæгъгæ, акци сарæзтой Цæгат Ирыстоны æхсæнадон хайад «Динамо»-йы кусджытæ
«Весёлые старты», зæгъгæ, акци сарæзтой Цæгат Ирыстоны æхсæнадон хайад «Динамо»-йы кусджытæ. Уыдон ацыдысты лагерь «Патриот»-ы. Сывæллæттимæ аныхас кодтой культурон центры минæвæрттæ. Уыдон радзырдтой, цавæр зиан хæссынц нозт æмæ наркотиктæ. Бамбарын сын кодтой, цавæр æвзæр фæстиуджытæ уыдзæн сæ æнæниздзинадмæ куы нæ кæсой, уæд. Чысыл рæстæджы фæстæ райдыдтой ерыстæ. 160 сабийы, 10 къордæй архайдтой цымыдисаг конкурсты. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг, ахуырады-спортивон хайад «Динамо»-йы разамонæг Илья Циклаури алы архайæгæн дæр бамбарын кодта, цæмæй къæрцъхъус уой æркасты рæстæг. Куы нæ уой, уæд та сын сæ баллтæ фæкъаддæр кæндзысты. Уыцы ныхæсты фæстæ, алчидæр бацархайдта, цæмæй сæ къорд ма фæхæрд уа. Алы уагæвæрд дæр æххæстгонд æрцыд. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, æртыккаг бынат бацахста команда «Тигры», æвзист майдан райстой «Собр»-ы командæйы архайджытæ, уæлахиздзаутæ та систы – «Львы», зæгъгæ, къорд. Раззагдæр команда рамбылдта кубок, иннæты та схорзæхджын кодтой кады гæххæтытæй. Уымæй уæлдай, алкæмæндæр радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Весёлые старты», зæгъгæ, акци сарæзтой Цæгат Ирыстоны æхсæнадон хайад «Динамо»-йы кусджытæ
Категория:
Новости и СМИ