Ахæм хабæрттæ // 20:00 // 3 апреля 2019
Нæ цæстæнгас Дыгуры районмæ. Ам парахат кæны фермерты хæдзарæдты ахадындзинад. Егъау æмæ чысыл амалхъомдзинадæн уавæртæ хуыздæр кæнынц. Фæлæ ма, зæгъæм, Дигорайы фермертæ зæххимæ куыстмæ сæ ахастдзинад аивтой. Цæгат Ирыстоны хæхты ма, гæнæн ис, æмæ ноджыдæр иу фыранчы ауаддзысты. Уый тыххæй æрæджы хъусын кодтой информацион агентадтæ. Цæрæгойы ном хуыйны Багирæ. Хъæцмæзты Гермæн ссис æппæтуæрæсеон æркаст «Педагогический дебют»-ы уæлахиздзау. Ногиры 2-æм скъолайы разамонæджы банымадтой хуыздæрыл номинаци «Молодые управленцы», зæгъгæ, уым. Уæлахиздзауты кадджын уавæры схорзæхджын кодтой 28-æм мартъийы Паддзахадон Думæйы. Æркасты хуыздæр уæвыныл тох кодтой 8 номинацийы: «Æрыгон ахуыргæнджытæ», «Æрыгон педагог-психолог», «Уæлæмхасæн ахуырады кусджытæ», «Æрыгон разамонджытæ» æмæ `ндæрты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 20:00 // 3 апреля 2019
Категория:
Новости и СМИ