Æлбегаты Барис абон бабæрæг кодта Южныйы поселочы 71 æм рæвдауæндон
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис абон бабæрæг кодта Южныйы поселочы 71 æм рæвдауæндон. Администрацийы æххуысæй дзы рæстæгæй рæстæгмæ арæзт цыдысты профилактикон куыстытæ, фæлæ дзы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ нæ арæзтой. Инспекцийы рæстæг Æлбегаты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй бæстыхай æнæмæнг хъæуы барæсугъд кæнын. Куыстытæ райдайдзысты 2020 азы, фидæны бюджет хынцгæйæ. Æлбегаты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй Южныйы поселок бонæй бонмæ кæны стырдæр, адæмы нымæцмæ гæсгæ . Уый тыххæй рæвдауæндæтты фарстайыл хъæуы бакусын рагагъоммæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æлбегаты Барис абон бабæрæг кодта Южныйы поселочы 71 æм рæвдауæндон
Категория:
Новости и СМИ