Цæугæдон æвзиды
Фыййаджыбылы цæрджытæ фæдис кæнынц. Кæдæм ма ныффысой сæ хъаст, уый нал зонынц. Ныр дыккæгæм аз хъæуы раз цæугæдоны былгæрæттæ згъæлынц. Дон йæ рæбынтæ ахæры æмæ æрæджыйы арæзт фидаргæнæнтæн сæ хъомыс ницыуал вæййы. Адæм тæрсынц, уалдзæджы та донивылды бын куы фæуой, уымæй. Иу æмæ сыл дыууæ хатты не `рцыд ахæм хабар. Фыццаг бакастæй цæугæ дон никæй хъыгдары. Фæлæ Дæллаг Фыййагдоны цæржытæ афтæ нæ зæгъынц. Ныр дыккæгæм аз дамбæ пырх кæны. 2008-æм азы йæ сарæзта компани «Велес». Фæлæ сæрдæй нырмæ былгæрæттæ куыд ныффидар кодтой, афтæ хæлынц. Хъæуы цæрджытæ донраивылд цы у, уый хорз зонынц. Æрвылаз дæр дон йæ былтæй акæлы. Хъæуы цæрджытæ арвыстой пъисмо æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ. Фæлæ бæлвырд дзуапп нæ райстой. Бынаты куыста сæрмагонд къамис. Рабæрæг кодта дамбæ базилинаг кæцы бынаты у, уый. 50 метры дзы у тæссаг уавæры. Фæлæ нырма бæрæг нæу, чи æмæ йæ кæд сцалцæг кæндзæн. цæрджытæ курдиаттæ арвыстой районы æмæ республикон прокуратурæтæм дæр. Фæлæ дзуапп никуыцæй райстой. Дамбæ цы компани арæзта, уый генералон директор Габанты Валерий 2016-æм азы сси Æрыдоны районы администрацийы сæргълæууæг. Ныр былгæрæттæ дæр сты йæ бæрны. Ацы аз сæрды Габанты Валерий Æрыдоны администрацийы сæргълæууæджы бынат суæгъд кодта. Камерæмæ йæ хъуыддаджы фæдыл зæгъын нæ бафæндыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, былгæрæттæ фидаргæнæнтæ хæлынц, дон йæ цæуыны бынат кæй ивы, уый тыххæй. уымæ гæсгæ, дамбæ æнæ хæлгæ лæудзæн, уый æнæдызæрдыгæй зæгъæн нæй. Районы ныртæккæйы хицауадмæ дæр бахатыдыстæм. Базыдтам, чи æмæ кæд æркæсдзæн фарстамæ. Адæм тыхсынц. Мæт кæнынц, уарынты рæстæгмæ дамбæ куы нæ саразой, уæд та сæ донраивылдтытимæ тох кæнын кæй бахъæудзæн, ууыл. Гогаты Марат _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæугæдон æвзиды
Категория:
Новости и СМИ