Паддзахадон Думæ сфидар кодта 22-æм июны иу минут æдзæмæй алæууыны тыххæй æппæтуæрæсеон закъон
Паддзахадон Думæ сфидар кодта 22-æм июны иу минут æдзæмæй алæууыны тыххæй æппæтуæрæсеон закъон. Бæстæйы æппæт регионты дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бон иу минут æдзæмæй алæууынæй райдайдзысты æрвылаз. Паддзахадон Думæ пленарон æмбырды сфидар кодта ацы закъон æмæ йæ алы аз дæр æххæст кæнын кæй хъæудзæн, уый дæр. Закъонимæ сразы сты думæйы æппæт фракциты минæвæрттæ дæр. Ацы мадзал фæнд кæнынц аразын 12 сахат æмæ 15 минутыл. Нацистон Германи Советон Цæдисмæ куы æрбабырста, уæд эфиры хъусынгæнинаг рацыд ацы рæстæгыл. Уымæй уæлдай закъон парахат кæны æндæр закъæтты райрæзтыл дæр. Канд æфсæддон намысы бонтæ нæ, фæлæ алыхуызон зæрдылдарæн бонтæ дæр араздзысты иу фæткæвæрдмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон Думæ сфидар кодта 22-æм июны иу минут æдзæмæй алæууыны тыххæй æппæтуæрæсеон закъон
Категория:
Новости и СМИ