Транскамы музей байгом Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон иугæнæг фæндаг. Транскам куыд арæзтой, уый æвдисæндарты музей байгом Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон Институты. Йæ сæвзæрды хъуыды фæзынд профессор Кортиаты Леуанмæ. Фæндаг куы арæзтой, уæд уый куыстыты хуссайраг хайы сæргъы лæууыд. Музейæн экспонаттæ 50 азæй фылдæр æмбырд кодтой. Ныртæккæ дзы фенæн ис сæрмагонд кусæнгæрзтæ æмæ арæзтады фыццаг пълантæ. Цæгат Ирыстонæй-Хуссармæ фæндаг рацаразыны хъуыды фæзынд 19-æм æнусы. Документтæй хъуыддаг сфидар кæныныл кусын райдыдтой 1839-æм азы. Уый фæстæ райдыдтой фæрæзтæ, æмæ уымæй ахсджагдæр - фæндаг бындуронæй чи сараздзæн, ахæм специалисттæ агурын. Кортиаты Леуан уыдонæй иу у. Уымæн ацы хъуыды радон проект не’сси, фæлæ бацахста йæ царды егъау бынат. Фæндаг эксплуатацимæ бахастой 1984 азы. Транскавказон автомагистралы историимæ баст музейы Кортиаты Леуан цæттæ уыд æппæт лыстæг хабæрттæ радзурынмæ, фæндаг цалцæггæнынæн. Ацы музей йæхи къухтæй сарæзта. Фæндаг чи нывыл кодта, уыдоны се ппæты дæр хъуыды кæны, сæ къамтæ хицæн кабинетты æмбырдгонд сты. Кортиаты Леуан хорз хъуыды кæны: уæд Цæгат æмæ Хуссары алы цæрæг дæр, куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодта ацы бæрнон хъуыддаджы. Фæстæдæр Кортиаты Леуанæн æмхъуыдыгæнджытæ фæзынд, автомагистраль кæронмæ чи арæзта, уыдон. Уанеты Сæрмæт Транскамы куыстытæ фæцис фарон, куыста фæндаджы хайы мастерæй. Æххуыс кодта музей саразыны хъуыддаджы дæр, агуырдта инструменттæ, уыцы азы гæххæттытæ. Кортиаты Леуан, зоны Транскамы 164 км истори. Фæндаджы зæрдæ - Ручъы тъунел. Эксплуатацийы йæ куы лæвæрдтой, уæд уыд æппæты стырдæр Советон цæдисы. Йæ дæргъ уыд 3 км фылдæр. Ныр Леуан сæтты, куыст Транскамы нырмæ дæр нæ фæцис. Разæй - стыр пълæнттæ. Фæнд кæны саразын æфсæнвæндаг, Кавказы сæйраг рагъы уылты. Йæ фæндтæ та кæддæриддæр сæххæст кæны. Галина Григорян Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон иугæнæг фæндаг. Транскам куыд арæзтой, уый æвдисæндарты музей байгом Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон Институты. Йæ сæвзæрды хъуыды фæзынд профессор Кортиаты Леуанмæ. Фæндаг куы арæзтой, уæд уый куыстыты хуссайраг хайы сæргъы лæууыд. Музейæн экспонаттæ 50 азæй фылдæр æмбырд кодтой. Ныртæккæ дзы фенæн ис сæрмагонд кусæнгæрзтæ æмæ арæзтады фыццаг пълантæ. Цæгат Ирыстонæй-Хуссармæ фæндаг рацаразыны хъуыды фæзынд 19-æм æнусы. Документтæй хъуыддаг сфидар кæныныл кусын райдыдтой 1839-æм азы. Уый фæстæ райдыдтой фæрæзтæ, æмæ уымæй ахсджагдæр - фæндаг бындуронæй чи сараздзæн, ахæм специалисттæ агурын. Кортиаты Леуан уыдонæй иу у. Уымæн ацы хъуыды радон проект не’сси, фæлæ бацахста йæ царды егъау бынат. «Мæнæ сты ацы адæм, 4 лæппуйы, уыдон бацыдысты Ленинмæ, цæмæй ссарой цавæрфæнды фæрæзтæ дæр. Ленин сын радта 100 мин сыгъзæрин сомы. Революцийы фæстæ адæм цы бахордтаиккой, уый дæр нæ уыд, фæлæ уыдонæн æхца радих кодтой фæндаг саразынæн, дыууæ республикæйы æхсæн», - профессор Кортиаты Леуан. Фæндаг эксплуатацимæ бахастой 1984 азы. Транскавказон автомагистралы историимæ баст музейы Кортиаты Леуан цæттæ уыд æппæт лыстæг хабæрттæ радзурынмæ, фæндаг цалцæггæнынæн. Ацы музей йæхи къухтæй сарæзта. Фæндаг чи нывыл кодта, уыдоны се ппæты дæр хъуыды кæны, сæ къамтæ хицæн кабинетты æмбырдгонд сты. Кортиаты Леуан хорз хъуыды кæны: уæд Цæгат æмæ Хуссары алы цæрæг дæр, куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодта ацы бæрнон хъуыддаджы. «Уæд, цæмæй Джавæйæ Алагирмæ телефонæй æрдзурай, уый тыххæй 3 сахат æнхъæлмæ кæсын хъуыд, фæлæ кусджыты фæрцы уайтагъддæр-иу бахаудыстæм кæдæм нæ хъуыд, уырдæм. Алагирæй райдай æмæ суанг Мæскумæ дæр ма хæццæ кодтам», - Кортиаты Леуан. Фæстæдæр Кортиаты Леуанæн æмхъуыдыгæнджытæ фæзынд, автомагистраль кæронмæ чи арæзта, уыдон. Уанеты Сæрмæт Транскамы куыстытæ фæцис фарон, куыста фæндаджы хайы мастерæй. Æххуыс кодта музей саразыны хъуыддаджы дæр, агуырдта инструменттæ, уыцы азы гæххæттытæ. «Хъуамæ зонæм уыцы хъайтарты, фæндаг аразгæйæ йе `нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыдоны. Уыцы фæндагыл цæугæйæ мах хъуамæ сæ нæммтæ хъуыды кæнæм. 1960-æм азты фæндагыл цыдысты мæнæ ацы адæймæгтæ - Петров, Яковлев. Боциты Хадзымурат уыд шофыр. Хъыгагæн, фæндаггон фыдбылызы бахаудысты», - Уанеты Сæрмæт. Кортиаты Леуан, зоны Транскамы 164 км истори. Фæндаджы зæрдæ - Ручъы тъунел. Эксплуатацийы йæ куы лæвæрдтой, уæд уыд æппæты стырдæр Советон цæдисы. Йæ дæргъ уыд 3 км фылдæр. Ныр Леуан сæтты, куыст Транскамы нырмæ дæр нæ фæцис. Разæй - стыр пълæнттæ. Фæнд кæны саразын æфсæнвæндаг, Кавказы сæйраг рагъы уылты. Йæ фæндтæ та кæддæриддæр сæххæст кæны. Галина Григорян _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Транскамы музей байгом Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты

Категория:

Новости и СМИ