Хъахъхъæдуры ныссаддзысты æнгузы бæлæстæ, цæрджытæн дыргъдонæй тæссаг нæу

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

24 просмотра

7 лет назад

Æрæджы нæ эфиры равдыстам иу æрмæг: Хъахъхъæдуры цæрджытæ хъаст кодтой хъæумæ ввахс дыргъдон кæй хъавынц саразынмæ, уый тыххæй. Ома дам бæлæстæ æвзæр буаргъæдтæй пырх кæндзыты æмæ адæмæн зиан хæсдзысты. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй дзы фæнд кæнынц æнгузы бæлæстæ ныссадзын. Хаццониджытæ хъуыддаг бамбарын кодтой. Ныфс бавæрдтой, уавæр æвзæры*рдæм кæй нæ аивдзæн, уымæй. Хъæуы цæрджытæн дæр дзуапп радтой. Хъахъхъæдуры цæрджытæ абухынц. Хъаст кæнынц ацы зæххыты, дам, тагъд дыргъдон кæй фæзындзæн, уымæй. Уый тыххæй сын фæхабар кодта хъæуы администрацийы сæргълæууæг. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хæдзарад Хахъхъæдуры куы æрбынат кæна, уæд уый адæмæн æмæ экологийæн дæр зиан æрхæсдзæн. Хъахъхъæдуры хъæуы хицау - Дыгурты Зелим дæр сæ фарс хæцы. Куыд зæгъы, афтæмæй хъæумæ ввахс фæнд кæнынц дыргъбæлæстæ ныссадзын. Не*сфæлдыстадон къордæн æмбарын кæны, зианхæссæг буаргъддæй сæ кæй зайын кæндзысты. Йæ къухы районы сæргълæууæгмæ цы сæрмагонд фыстæг арвыстой, уый. Курынц æй, цæмæй хъуыддагмæ йæ цæст æрдара. Хъæуы администрацийы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй зæххыты хицау ныр чи сси, уый бæрæг нæу. Ома хаццон исджытимæ зонгæ не*сты. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй уый гæдыныхас у. Амалхъом адæймаг Кокойты Виталий дисы бацыд. Уый фæнд кæны ацы зæххытыл бакусын. Хъæуы цæрджытæ цы дзурынц, уыимæ разы нæу. Кокойты Виталий, амалхъом адæймаг: «Диссаг мæм фæкаст, хъæуы хицау афтæ кæй зæгъы, йæ бон мæ ссарын нæу. А фæстаг 2 мæйы, фæлладуаздæн бон уа, кæнæ бæрæгбон, стæм нæ бынаты, уæдæ уыцы быдырты дæр кусæм. Хъæумæ ввахс цы зæхх ис, уым та фæнд кæнæм æнгуз бæлæстæ ныссадзын. Нæ куыст кæнæм, Цæгат Кавказы хæххон æмæ хæххон уавæртæм ввахс дыргъдарыны иртасæг институты амындæй. Сæ нысæнттæм гæсгæ, кæд дыргъбæлæстæ 30-50-ай хатты хъацæнтæй пырх кæнынц, уæд та æнгузбæлæстæ - 6 хатты. Ныртæккæ нæм кусы 100 адæймаджы, уыдонæй уæлдай ма бынæттон цæрджытæй сарæзтам бригад. Разамынд сын дæтты Хæбæлаты Ритæ. Тыллæг æмбырд кæныны рæстæг куы ралæууа, уæд та нæ ноджы фылдæр кусджытæ хъæудзæн, 200-йæ фылдæр. Куыд кусын дзы хъæуы, уый дæр сахуыр кæндзыстæм». Хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды разамындæй дæр официалон фыстæг. Уым бæрæггонд у, æнгуз бæлæстæ æрдзæн æмæ алфамблайæн ницы зиан æрхæсдзысты. Хъуыддагмæ æркастысты профилон уагдоны дæр. Йæ разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй æнгуз бæлæстæй адæмæн тæссаг нæу. Тотраты Олег, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды упарвленийы разамонаг : «Æхсæрджын мыггаг, уæлдай дæр та æнгуз, цымыдисаг зайæгой у. Ис дзы фитонцидтæ, гликозидтæ æмæ æндæр химион буаргъæдтæ. Уыдоны руаджы зулджытæй бæлæстæн тæссаг нæу. Æнгузмæ бирæ зилын нæ хъæуы, ома йæ обработкæ кæнынц. Æз куыд специалист, афтæ зæгъдзынæн, Уæрæсейы цы пестицидтæй пайда кæнынц, уыдон хаст сты бардæттæг реестрмæ». Хъахъæдуры цæрджытæн зианхæссæг буаргъæддæй тас кæй нæу, уый тыххæй радзырдтой Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады дэр. Мæрзойты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг: «Æнгуз бæлæстæм зилын уый бæрц нæ хъæуы, буаргъæддæй дæр сæ къаддæр зайын кæнынц. Гербецидтæ сыл уæвгæ дæр нæ калынц. Пайда кæнынц инстектицидтæй. Æнгуз сахъат нæ кæны. Афтæмæй та, адæмæн æмæ хæдзарадæн зиан æппындæр нæ хæссы». Уæдæ, Хъахъхъæдуры администраци æмæ бынæттон цæрджытæ цæмæ хъаст кæнынц, уый бæрæг нæу. Хъæуы æнгузбæлæсты сад куы фæзына, уæд сæхицæн дæр пайда уыдзæн. Хаццонисджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы фæзындзæн ног куысты бынæттæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъахъхъæдуры ныссаддзысты æнгузы бæлæстæ, цæрджытæн дыргъдонæй тæссаг нæу

Категория:

Новости и СМИ