Беслæны теракты Хъараты Лизæйæн фæмардысты йæ ныййарджытæ
Беслæны трагеди цæхгæрмæ аивта Хъараты Лизæйы цард. Иу уысммæ 7-аздзыд чызг сидзæрæй баззад. Ныййарджытæ сæ чызджы хъахъхъæдтой сæ фæстаг минутмæ. 18 азы фæстæ Лизæимæ фембæлдысты не ’мкусджытæ. 1-æм сентябрь 2004-æм аз цæхгæрмæ фæивта Хъараты Лизæйы цард. Чызг бакъахдзæф кодта фыццæгæм къласмæ. Ахсджиаг мадзалмæ цæттæ кодтой æгас бинонтæй. Кадджын линейкæмæ Лизæйы акодтой йæ мад, фыд æмæ бабу. Чызг базонгæ йе ’мкъласонтимæ æмæ ахуыргæнæгимæ. Цины æнкъарæнтæ фæивтой цъæххаст æмæ æхстытæ. дарддæр та — мигъы бауайæгау. Æвзæр фыны дæр нæ фендзынæ, уацары ахст адæм цы хъизæмæрттæ баййæфтой, уый. Фыццаг бон Лизæйы ныййарджытæ æмæ бабу фæтарстысты, сывæллоны кæй нал фендзысты. Къуындæг æмæ æнтæф залы, æнæ дон æмæ хæринагæй дыууæ суткæйæ фылдæр уæвгæйæ, райдиан кълæсты ахуыргæнæджы бауагътой сывæллæтты къæридормæ ракæнын æмæ сын дон раттын. Уыцы рæстæг æрцыд срæмыгъд. Сæйрагдæр сабиты фервæзын кæнын - ууыл хъуыды кодтой ныййарджытæ. Хъахъхъæдтой, цæмæй чысыл Лизæ хъыгдæрд ма баййафа. 3-æм сентябры срæмыгъдтыты фæстæ Лизæ сидзæрæй баззад. Йæ мад æмæ йæ фыд, удæгас уæвгæйæ, йæ цурæй нæ цыдысты. Амондджын ныййарджытимæ къамтæ Лизæйæн сты уæлдай зынаргъ. Хъахъхъæны сæ цæсты гагуыйау. Æвдисы сæ йæ фыртæн. Уыцы бон йæ цард дыууæ дихы фæци. Ам, спортзалы, æртæ боны уæвгæйæ, иу уысммæ йæхиуæттæ бацарæфтыд сты. Кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ цыфæндыйæ дæр фидар удыхъæд бахъахъхъæнын. Хистæркъласонтæ сабитæм кастысты, сæ бон куыд уыд, афтæ. Сæ уаргъ сын фæрогдæр кæнынæн лæвæрдтой фæстаг доны хуып. Беслæны теракт у, дуне раздæр кæй нæ бавзæрста, ахæм рыст. Рæстæг æй нæ дзæбæх кæны. Трагедийы амæттæгты мысынц æгас зæххы къорийыл. Сентябры æртæ боны мах аивтой, сахуыр стæм алы бонæн дæр аргъ кæнын.