Камбилеевкæйы байгом Джыгкайты Шамилы номарæн фæйнæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Цыфæнды адæмыхаттмæ алы дуджы вæййынц ахæм адæймæгтæ æмæ историйы, стæй йе `мбæстæгты зæрдæты цæргæйæ чи баззайы. Ирыстоны Шамиль, зæгъгæ, исчи загъта, уæд æй алчидæр бамбардзæн, кæй кой кæнынц, уый. Джыккайты Шамилы хуызæттæ стæм хатт райгуырынц. Хуыцау сæ ирд съалытау рарвиты зæхмæ, ныууадзынц рухс æмæ æрттивгæ фæд. Зыхъуаты Жаннæйæн ныхасы бар. 6 азы размæ райдзаст 26-æм майы Ирыстоныл куы айхъуыст, Джыгкайты Шамилы амардтой, зæгъгæ, уый ныр дæр ма адæм хорз хъуыды кæнынц. Зонд æй нæ карста - чи? чи бахаста йæ ныфс ахæм адæймагмæ къух сисынмæ. Уымæн æмæ Шамилы чи зыдта, уыдон æй хорз хъуыды кæнынц, куыд цæстуарзон æмæ æргом уыд, уый. Хъыгагæн, йе `ргом æмæ комкоммæ ныхæстæ йыл комдзог рацыдысты. Шамил та æппæтæй фылдæр тырныдта адæмы иудзинадмæ, фæндыд æй дуне срæсугъд кæнын, цæмæй адæм кæрæдзийы уарзгæйæ, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ лымæнæй цæрой. Тахъазты Харум - филологон наукæты доктор, профессор: "Камбилеевкæйы цæрджыты хъæппæрисæй сæ хъæуы уынгтæй иу нырæй фæстæмæ хæсдзæн Шамилы ном. Ацы бонты та Ирыстоны номдзыд æмæ уарзон хъæбулæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Кæм цард æмæ ма йæ сывæллонæй кæм хъуыды кæнынц, уыцы хъæумæ ссыдысты йæ хиуæттæ, зонгæтæ, æмкусджытæ æмæ йын, йе сфæлдыстадæн аргъ чи кодта, уыдон. Уæлдай кадджын та Шамилы ныхас уыдис зонады, культурæйы, телеуынынады кусджыты æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæртты `хсæн. Мемориалон фæйнæг байгом кæныны кадджын мадзалы архайджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй Шамил йæ сабибонтæй хицæн кодта иннæтæй. Суанг йæ цардуалдзæгæй фæстæмæ тырныдта рухсмæ, фылдæр базонынмæ." Джыккайты Госæза - Джыккайты Шамилы хо: "Йæ цард-цæрæнбонты ахуыр кодта йæхæдæг æмæ ахуыр кодта иннæты. Кæддæриддæр уыд фæзминаг: æмгæрттæн хорз æмгар, кæстæртæн - зондамонæг, хистæртæн - аккаг æмæ лæггадгæнæг кæстæр. Бирæ азты разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы факультеты кусджытæй иу уысм дæр рох нæ кæны." Куыдзойты Анжелæ - ЦИПУ-йы ирон æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг: Араббаг æвзагыл Шамилы ном нысан кæны "парахат зæрдæ, иннæтыл тыхсæг æмæ аудæг адæймаг". Æцæгæйдæр ахæм уыд. Фæтæджы хуызæн адæймæгты æрдз æмæ Хуыцау искуы иу хатт йедтæмæ не `сфæлдисынц. Алы фæлтæры бон нæу ахæм хистæрæй раппæлын. Алкæй бон нæу "æз Шамилы зыдтон" зæгъын. Уымæн ын кæнæм уæлдай аргъ, уымæн æмбарæм, ирон литературæмæ, публицистикæмæ, поэзимæ цы `вæрæн бахаста, уый. Шамилы руаджы ирон литературæйы хæзнадон, стæй нæ цард æнæхъæнæй, фæхъæздыг сызгъæрин гуырæнтæй. Зыхъуаты Жаннæ, Мæхъиты Батырбег _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Камбилеевкæйы байгом Джыгкайты Шамилы номарæн фæйнæг

Категория:

Новости и СМИ