Цæгат Ирыстоны Фыссджыты Цæдис сарæзта фембæлд «Нигер - 21 æнусы поэт»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

24 просмотра

5 лет назад

125 азы æххæст кæны Фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Дзанайты Иваны райгуырдыл. Фысджыты Цæдисы арæзт æрцыд фембæлд «Нигер - 21 æнусы поэт», зæгъгæ. Нигер арф фæд ныууагъта ирон аив дзырды, стыр æвæрæн бахаста литературæйы райрæзтмæ. Мадзалы архайджытæ уыдысты литературон æхсæнады уæнгтæ æмæ Дзанайты мыггаджы минæвæрттæ. Йæ Фыдыбæстæйæн æцæг хъæбулы лæггад чи бакодта, ирон литерæтурæйы къæбиц йæ уацмыстæй чи схъæздыг кодта, уыдонæй иу уыд Дзанайты Иван. Йӕ фæсномыг - Нигер. Ирон æвзагыл цы аив рæнхъытæй фыст бынтæ ныууагъта, уыдон ныр дæр ма сты актуалон.Уыдон, æнæмæнг, æрцахстой зынгæ бынат литерæтурæйы. Нигер бирæ нæ фæцард, 51 азы.Фæлæ уыцы рæстæгмæ хуымæтæг хохаг лæппуйы къухы бафтыд ирон филологийы факультеты сахуыр кæнын, бацæуын аспирантурæмæ, уый фæстæ йæ уарзон факультеты ахуыргæнæгæй акусын. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ лирикон уацмыстæ кæй фыста, уымæ гæсгæ йыл сбадт «Ирон Байрон»-ы ном. Цæгат Ирыстоны Фыссджыты Цæдисы куыст иу уысммæ дæр не`нцайы. Ӕдзух архайынц ирон литерæтурæйы рæзтыл. Уый фæдыл аразынц фембæлдтытæ, не ‘хсæн чи нал ис, фæлæ ирон аив дзырды арф фæд чи ныууагъта, уыцы фыссджытæн номарæн мадзæлттæ саразынц. Ацы аз Дзанайты Иваны райгуырдыл æххæст кæны 125 азы. Уый фæдыл фысджыты Цæдис сарæзта фембæлд «Нигер - 21 æнусы поэт». Йæ фæлгæты тымбыл стъолы уæлхъус фыссыджытæ, ахуыргæндтæ æмæ Дзанайты мыггаджы минæвæрттæ дзырдтой Нигеры сфæлдыстадон фæндæгтыл. Дзанайты Иван ныффыста 5 поэмæйы. Уыдон ныртӕккӕ сты скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты программæты. Нигер алæмæты курдиаты хицау кæй уыд, уымæн æвдисæн, поэты дæсныйадæй уæлдай ма тæлмацгæнæджы куыст дæр кæй кодта, уый. Йæ фæрцы ирон æвзагыл сдзырдтой Гёте, Пушкин, Шевченко, Тургенев æмæ æндæр классикты хъайтартæ. Куыста адæмон сфæлдыстадыл дӕр. Фысджыты Цæдисы минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, литерæтурӕйы Нигеры хуызæн ирд стъалыйы ном хъуамæ уа æнусон. Уыцы нысанимæ арæзт æрцыд мадзал дæр. Нигерæн йæ уацмысты æмбырдгонд мыхуыры фæстаг хатт рацыд 1988 азы. Уымæ гæсгæ сæ фæнд уыд - æмбырды фæлгæты ацы фарстайыл дæр æрдзурын. Цæмæй фидæны та чиныгдæтты æмæ чингуыты дуканиты тæрхæджытыл ногæй фæзына Нигеры уацмысты æмбырдгонд - хæрзаив, хуызджын æмæ мидисджын чиныг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv