Ихыл хизыны спорт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Чи йæ альпинизмы фырт хоны, чи та – къæдзæхмæ хизыны фсымæр. Ихыл хилынæй зæгъæм. Нæ республикæйæ цалдæр азы фæцух, фæлæ ныр цыма ногæй йæ къæхтыл слæууынмæ хъавы, афтæ нæм кæсы. Ма фæцæстдзыд уæд нæ ныхасæй. Цъæйы ацыд Дзæуджыхъæуы чемпионат ихыл хизынæй. Ардæм æрæмбырд сты, ацы спорт чи уарзы, уыдон. Ерыстæ куыд ацыдысты, уый бæлвырддæрæй базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Ихыл хизыны спорт хуымæтæджы спорт нæу. Уæлдай дæр та сылгоймагæн. Зæгъæм, Олеся Семенова зындзинæдтæй нæ фæтарст. 10 азы хилы къæдзæхтыл, ныр та рахызт ихыл хизыны спорты хуызмæ. Йæхи бафæлвæрдта дыккаг хатт. Æмæ йын æнтысы. Фыццаг бынат уал райста. «Хæхты тынг цымыдисаг у. Фыццаг хатт ардæм куы æрбахаудтæн, уæд мæ зæрдæйы ныххаудысты. Хæхтæ мæ сæхимæ æлвасынц магниты хуызы. Разæнгард мæ кæнынц ног бæрзæндтæм æмæ сæ басгарынмæ. Ихыл хизын цæмæн равзæрстон, уый нæ зонын. Æвæццæгæн мæ царды ног цвдæр кæй у, уый тыххæй. Хæхтæм дзæвгар фæцыдтæн, ихыл хизыны та кæнын фыццаг къахдзæфтæ. Хи бафæлварын мæм тынг цымыдисаг кæсы», - загъы ихыл хизæг Олеся Семенова. Бафæлварыны фадат се `ппæтæн нæй. Зæгъæм, фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн. Салд æхсæрдзæныл схизынæн бар кæмæн нæй, уыдоны нæ бауаддзысты. Хъуамæ дæм уа «Уæрæсейы альпинист»-ы бæрæггæнæн дæр, кæнæ та ацы спорты хуызы спортивон разряд. Уыимæ, æнæмæнг сертификат кæмæн ис, ахæм спортивон ифтонгад. Ацы аз ерысты сæ тыхтæ бавзæрстой 14 спортсмены Ирыстонæй, æмæ сыхаг республикæты минæвæрттæ дæр. Сæ дæсныйадæн сын аргъ кодтой эксперттæ. Ерысты сæйраг хæслæвæрд – тагъд хизыны фæтк. Йæ аразджыты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй æнтыстытæ къухы бафта, уый тыххæй хъæуы æппынкъаддæр дыууæ азы хиуыл бакусын. Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Ихыл чи хизы, уыдон ацы спорт æгæронæй уарзынц. Иннæ аз дæр та æрæмбырд уыдзысты. Афтæмæй чемпионат суыдзæн æрвылазон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ихыл хизыны спорт

Категория:

Новости и СМИ