Æппын къаддæр мызды бæрц 2020 азмæ
Уæрæсейы Фæллойы министрад снысан кодта æппын къаддæр мызды бæрц 2020 азмæ. Йæ бæрц уыдзæн 12 мин æмæ 130 сомы. Уый тыххæй фыст цæуы закъоныпроекты. Абон æмбæлгæ гæххæттыл ныхас кодтой сæрмагонд социалон-фæллойадон ахастдзинæдты фæдыл цы къамисы æмбырд ацæудзæн, уым. Ныридæгæн цы закъон кусы, уымæ гæсгæ мызды бæрц хъуамæ фæцæрыны æппын къаддæры бæрцимæ уа иухуызон. Алы аз уыцы нымæц ивгæ кæны, уымæ гæсгæ хъуамæ азæй-азмæ бæлвыргдгонд цæуа æппынкъаддæры мызды бæрц. Бындурæн райсынц ивгъуыд азы 2-аг кварталы мæй фæцæрыны æппын къаддæр бæрц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппын къаддæр мызды бæрц 2020 азмæ
Категория:
Новости и СМИ