Фембæлд хъæууон хæдзарады минæвæрттимæ
Æрыдоны районы фос дарыны хъуыддаг фæхуыздæр кæндзысты. Уый тыххæй 4 мин гектары зæхх адих кодтой 10 куыстуатыл. Абон уый фехъусын кодта нæ республикæйы хицауады фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег фермертæ æмæ уацхæсджытимæ фембæлды рæстæг. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй инвентаризацийы `мгъуыдмæ рабæрæг кодтой цалдæр уæгъд зæххы гæбазы. Цæмæй сыл фермертæ кусын райдайой, уый тыххæй сæ хъуыд конкурсы архайын. Уымæй дарддæр ма – зæххæй куыд спайда кæндзысты, уый тыххæй пълан бацæттæ кæнын. Сæйраг домæн уыд, хъæууон хæдзарады куыстгæнæг амалхъом адæм цæмæй хъуамæ хъалонтæ фидой æмæ адæмæн куысты бынæттæ скæной. Æрыдоны районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй бирæ куыстуæттæн сæ бон хъалонтæ фидын нæу. Уый тыххæй районы бюджет фенæхай 50 милуан сомæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фембæлд хъæууон хæдзарады минæвæрттимæ
Категория:
Новости и СМИ