Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн рауад быцæу

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

Республикæйы президент Библты Анатолий абалц кодта уыцы бынатмæ. Бабрæг кодта бынæттон цæрджыты æмæ сын зæрдæ бавæрдта, æндасдзинады фарстаты æххæстгонд кæй цæуынц, уымæй. Барадхъахъæгджытæн бахæс кодта уавæрмæ лæмбынæг æркæсын. Бибылты Анатолий ацыдис Знауыры районы Цънелисы хъæумæ. Уым Гуырдзыстоны ‘рдыгæй аразынц æнæзакъонæй арæзт арæнты пост. Президент аныхас кодта хъæуы цæрджытимæ. Адæм тыхсынц, гуырдзыйæгтæ Хуссар Ирыстоны арæнты цы загъдкъахæн митæ кæнынц, уыдоныл. Бибылты Анатолий хъæуы цæрджытæн ныфс бавæрдта, Цънелисы æдасдзинадæн тас кæй ницæмæй у. Бибылты Анатолий куыд бафиппайдта, афтæмæй Женевайы фембæлды æмæ Паддзахадты ‘хсæн быцæутæ иуварс кæныны тыххæй сæрмагонд æмбырдты рæстæг Гуырдзыстон райдайы хылкъахæн митæ. Фæлæ Хусар Ирыстон йæхицæй йæ ныфс хæссы, æппæт уыцы æнæккаг митæн хъæугæ ныхкъуырд кай ратдзæн, уымæй. Ууыл хъуамæ дызæрдыг ма кæна нæдæр Гуырдзыстоны ‘рдыгæй, нæдæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ. Цънелисы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм ныфсдæттæг ныхæстæм паддзахады сæргълæууæгæй сæхæдæг дæр æнхъæлмæ кастысты. Бибылты Анатолий араст ис арæнтæм. Хи цæстæй фенгæйæ хъуыддаджы уавæрæн скодта хъæугæ хатдзæгтæ. Æмбæлгæ хæслæвæрдтæ снысан кодта барадхъахъæнджытæн. Паддзахады сæргълæууæг ма фæсконфликтон зындзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл æххæстбарджын минæвар Джиоты Муратæн бабар кодта, цæмæй Хуссар Ирыстоны хъуыдытæ фехъусын кæна Паддзахадты ‘хсæн быцæутæ иуварс кæныны тыххæй сæрмагонд æмбырдты рæстæг. Цæмæй арæнты хылкъахæн митæн кæрон скæной. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн рауад быцæу

Категория:

Новости и СМИ