Хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы Хуымæллæг æмæ Бруты рабæрæг кодтой æнæзакъон бырондон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Хъæууон хæдзарады зæххыты кадастрон хыгъд нысан кæнгæйæ раиртæстой æнæзакъон бырондон. Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ æнæзакъон бырондон рабæрæг кодтой Рахизфарсы районы. Раздæры фермæйы зæххыл ахæм уавæр цæмæ сæвзæрд æмæ йæ аиуварс кæныныл куыд архайынц, уый базыдта нæ уацхæссæг Гæззаты Зæринæ. Хауæццæгтæ, хъамылтæ. Æнæзакъон бырондон сæвзæрд Хуымæллæг æмæ Бруты кæрон. Уæрæсейы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ хуымзæххытæ иртасгæйæ рабæрæг кодтой, æвиппайды цы бырондон сæвзæрд, уый. Æнæзакъон бырондон цы зæххы хайыл апарахат, уый сбæрæг кодтой квадракоптерæй. Нырыккон технологитæй æрæджы райдыдтой куысты пайда кæнын. Архайд дзæвгар фæрогдæр. Кæд-иу раздæр зæххы хай басгарынæн бахъуыд рæстæг æмæ фылдæр специалисты æххуыс, уæд ныр та — цалдæр минуты. Видеоæрмæджытæ арвитынц бæлвырд иртасынмæ. Специалисттæ иртæстытæ скæнынæн 15-20 см арфæй зæххы мæрæй сисынц, æмæ йæ сæрмагонд сейф-пакеты бавæрынц. Дарддæр æй арвитынц Кæсæг-Балхъары референтон центрмæ. Уым хъуамæ сбæрæг кæной мæры хæрзхъæддзинад. Кæд дзы нитраттæ, пестицидтæ æмæ уæззау цæххытæ, цы æмбæлы, уымæй фылдæр разына, уæд уый нымад цæудзæн уагхæлдыл, æмæ зæххыты хицæуттæ иваргонд æрцæудзысты. Уымæй уæлдай-ма, сын ратдзысты фæдзæхсæн гæххæтт. Фæбæрæг дзы кæндзысты, уагхæлдтытæ цас рæстæгмæ хъуамæ аиуварс кæной, уый. Ахæм æнæзакъон бырондон ма разынд Мæздæджы районы дæр. Йæ аиуварс кæныныл архайынц. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ, Уæрæсейы хъæууон-хæдзарадон цæстдарды минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ,ахæм куысты фæрцы сæ зæххыты бæрц кæндзæн фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv