Битарты Вячеслав фембæлд Андрей Турчакимæ
Знон та Битарты Вячеслав фембæлд парти "Иугонд Уæрæсе"-йы генералон советы секретарь Андрей Турчакимæ. Æрныхас кодтой Дзæджыхъæуы муниципалон скондмæ депутатты æвзæрстыты фарстатыл. Кусæг фембæлд уыд Мæскуыйы. Æвзæрстытæ ацæудзысты фæззæджы. Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъæлæс кæныны бон сараздзысты æппæт домæнтæм гæсгæ. Бæрнон кусджытæ ма æрдзырдтой парти "Иугонд Уæрæсе"-йы, Цæгат Ирыстоны регионалон хайады куысты ахсджиагдæр фарстатыл. Андрей Турчак куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæ архайдæй разы у. Уый фæдыл Битарты Вячеславæн загъта бузныджы ныхæстæ. Ныфс ын бавæрдта, æвзæрстыты рæстæг сæм йе `ргом кæй аздахдзæн, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Андрей Турчакимæ
Категория:
Новости и СМИ