Цæгат Ирыстоны сбæрæг сты Доныскъæфæнты найыны бынæттæ
Дзæуджыхъæуы епархи та сбæрæг кодта, цæрджытæ Доныскъæфæнты сæхи кæм найдзысты, уыцы бынæттæ. Ацæудзысты алыхуызон бынæтты: Æрыдоны æмæ Урухы Георгий- Уæлахизхæссæджы аргъуанты, Мæздæджы Мадымайрæмы аргъуаны, Рухс Никъалайы номыл Бирæгъзæнджы аргъуаны æмæ æндæр бынæтты. Афæдзæй-афæдзмæ бæрæгбоны архайы фылдæр адæм. Зæххон тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынæн уый ахъаз у. Уымæ гæсгæ Ирыстоны кувæндæтты адæмæй азмæлæн нал вæййы. Уырнæг адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ацы мадзæлтты фæстæ сæм фæкæсы, цыма канд буар нæ, фæлæ ма уд дæр сног вæййы. Ахæм æнкъарæнты уацары бахауы алчидæр. Æхсæнадон сабырдзинады æмæ æдас транспортон уавæры тыххæй, ранæй-рæтты фæндæгтæ уыдзысты æхгæд. Зæгъæм, 18 январы райсомы 7 сахатæй 19 январмæ нæ уыдзæн ацæуæн Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ Хъантемыраты Алибекы номыл уынгтæй Армянскайы уынджы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сбæрæг сты Доныскъæфæнты найыны бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ