Истори æмæ Хуссар Ирыстоны географи республикæйы ахуыр кæндзысты ирон æвзагыл
Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий цы `мбырд амыдта, уым ныхас кодтой республикæйы ахуырадон фæткмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Бæлвырдæй ныхас цæуы истори æмæ географийыл. Ирон æвзагыл сæ ахуыр кæнын райдайыны хъæппæрис ис Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Гасситы Наталимæ дæр. Уый тыххæй сæ зæрды ис бынæттон паддзахадон университетмæ дæр бахатын. Фæнды сæ, цæмæй дзы ирон æвзагæй фылдæр сахæттæ снысан кæной. Скъолатæм цы ахуыргæнджытæ бацæудзæн, уыдоны зонындзинæдтæ хъуамæ уой æмбæлгæ `мвæзадыл. Хъæппæрисы тыххæй нын абон бæлвырддæр радзырдта Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы националон ахуырады хайады сæргълæууæг Хъодзаты Ингæ. Байхъусæм æм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Истори æмæ Хуссар Ирыстоны географи республикæйы ахуыр кæндзысты ирон æвзагыл
Категория:
Новости и СМИ