Ацы бонтæ сæххæст вæййынц зæрдиагдæр бæллицтæ, лæварæн бинонтæн æрхæссы амонд æмæ æхсызгон цаутæ

Ацы кæртмæ куы бахизай, уæд цыма алæмæты бæстæмæ бахаудтæ, афтæ дӕм фӕкӕсдзӕн. Ирд алыхуызон рухсытæ æхсæвæй-бонæй тæмæнтæ калынц. Цæрджытæ бæрæгбонмæ сæхи дыууæ мæйы размæ райдыдтой цæттæ кæнын. Æрвылбон-иу куысты фæстæ сæмбырд сты сæ кæрт аив кæнынмæ. Æмæ свæлыстой мæнæ ахæм аргъау. Кæрты бæлæстæ саив кодтой гирляндæтæ æмæ алыхуызон цырæгътæй. Кæд мит нæма ис, уæддæр цæрджытæ Ног азы æхсызгон æнкъарæнтæй цух не сты. Беслæны администрацийы сын стыр аргъ скодтой сæ арӕхстдзинадӕн, фæхуыдтой сæ конкурс "Ног азы хуыздæр кæрт"-ы архайынмæ. Бæрнон кусджытæй уæлдай ма кæрт цымыдисаг кæсы бынæттон цæрджытæм дæр. Сæрмагондæй йæм уынæг æрбацæуынц. Ацы алæмæты лифт та Къесаты Астаны номыл уынджы 42-æм хæдзары ис. Æрвылбон хæстæгдæр кæны Ног азы æрбацыд. Гирляндæты рухсытæ, адджинæгтæ, се 'ппæтæн уарзон зарджытæ. Суанг ма дзы Митын Дадайы фыстæджытæн посты къопп дæр сæвæрдтой. Кæрты сывæллæттæ йæм фыссынц сæ бæллицты тыххæй. Кæцыдæртæн ныридæгæг сæххæст сты, зæгъынц кæрты цæрджытæ. Хæдзары кæрт бæрæгбонмæ саив кæнын нын сси хорз традици. Æндæр аз сæвæрдтам заз бæлас, срæсугъд æй кодтам, фарон нæм æрцыд хъуыды лифты заз бæласы къалиутæ сæвæрын, сауыгътам ыл адджинæгтæ, чи сæ иу райста, уыдон нын афтæ дзырдтой нæ бæллицтæ сæххæст сты, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ нæ ацы аз ногæй бафыæндыд адæмæн ацы хорздзинад скæнын. Ног Аз у уæлдай уарзон æмæ алæмæты рæстæг. Ацы бонтæ сæххæст вæййынц зæрдиагдæр бæллицтæ, лæварæн бинонтæн æрхæссы амонд æмæ æхсызгон цаутæ. Адæм аив кæнынц сæ хæдзæрттæ, фатертæ, подъездтæ, лифтытæ. Ахæм хуызы сæм равзæры æхсызгон æнкъарæнтæ. Æмткæй райсгæйæ, æппӕт горæттæ  свæййынц бæрæгбон хуыз. Кусынц заз бæлæсты базартæ, театрты бацæттæ кæнынц бæрæгбонимæ баст равдыстытæ, фылдæр змӕлд та апарахат вæййы горæты сæйраг заз бæласы алыварс.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
30 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии