Сырх Дыгуры скъола кусы нырыккон домæнтæм гæсгæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Кæд Сырх Дыгуры ахуырдзаутæ дзæвгар нæй, уæддæр сæ ахуыргæнæндоны кад дæлæмæ нæ уадзынц. Скъола ифтонггонд у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Уæдæ скъоладзаутæ дæр тырнынц ахуыры бæрзæндтæм. Цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтыд сæ къухы æмæ хъæуккаг скъолайы цард куыд æнхъæвзы, уый баззыдта нæ уацхæссæг Хъараты Маринæ. Сырх Дыгуры ахуырадон бон йæ тæмæны бацыд. Фæткмæ гæсгæ æртыккаг урок- фæллойы урок. 7-æм къласы ахуырдзауты цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Ам ахуыр кæны æрмæст 6 скъоладзауы. Уыдонæй абон иу фæцух кодта ахуыртæ. Уый уайтагъд фæбæрæг. Фыццæгæм къласæй нырмæ сывæллæттæ æмгом сты кæрæдзиимæ. Кæд бирæ не сты, уæддæр бинонты хуызæн сты. Хъæуы ахуыргæнджытæ, къласы бирæ скъоладзуатæ кæй нæй, ууыл ахуыр сты. Зæгъæм, Бозырты Уарзетæ математикæ æмæ физикæ сывæллæттæн амоны 52 (фæндзай дыууæ) азы дæргъы. Йæ куысты бынат æй баивынæй никуы бафæндыд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, къласы иунæг ахуырдзау куы уа, уæддæр æй хæдзармæ куыстæй дæр бафæрсæн. Ног æрмæг дæр ын бацамондзæн. Ацы аз скъолайы ис сæдæ æвдай фондз ахуырдзауы æмæ дыууын аст ахуыргæнæджы. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй ацы аз скъоладзауты нымæц тынг гыццыл у. Уый та уымæн, æмæ иутæ республикæйæ æндæр раттæм ацыдысты цæрынмæ, иннæтæ - горæтмæ алыгъдысты. Фæлæ ахуыргæнæндоны директор куыд зæгъы, афтæмæй сæ скъолайы гæнæнтæ горæты ахуыргæнæндæттæй дæлдæр нæ лæууынц. Ныфс æй ис, фидæны сæ ахуырдзауты нымæцыл кæй бафтдзæн. Скъола байгом дыууæ мин æстдæмæм азы. Бынат дзы ис æртæ сæдæ æхсай сывæллонæн. Ифтонггонд у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Алы ахуыргæнæн уаты дæр ис интерактивон фæйнæг æмæ компьютертæ. Уыимæ ма сывæллæттæ ахуыр кæнын райдыдтой ног предмет- шахмæттæ. Уый у æнæмæнг урок фыццæгæм æмæ дыккæгæм къласы ахуырдзуатæн. Фæлæ хистæр къласы скъоладзаутæ дæр ацы интеллектуалон хъазтыл æнувыд сты. Уымæй уæлдай сывæллæтты ахуыр кæнынц робототехникæйы сусæгдзинæдтыл. Уым сабитæ роботтæ аразынц, сæ къухы бын цы дзауматæ вæййы, уыдонæй. Кæд скъолайы æппæт хъæугæ уавæртæ ис, уæддæр дзы аиуварсгæнинаг хъуыддаг дæр ис. Ног райдзаст скъолайæн къуылымпыдзинæдтæ хæссы, йæ фарсмæ цы зæронд бæстыхай лæууы, уый. Тæссаг дзы у фыдбылызæй. Ныридæгæн уал дзы дыууæ хатты æрцыд зынгсирвæзт. Скъолайы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй хъуыддаг аиуварс кæнынмæ рæстæг хъæуы. Районы сæргълæууæг сын дзырд ратта, хæстæгдæр рæстæг зæронд бæстыхай кæй акалдзысты. Йæ бынаты та фæзындзæн ног спортивон фæз. Хъараты Маринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сырх Дыгуры скъола кусы нырыккон домæнтæм гæсгæ

Категория:

Новости и СМИ