Дзæуджыхъæуы спортивон дзæбæхгæнæн комплекс «Олимп»-ы æрцыд зынгсирвæзт
Дзæуджыхъæуы спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс «Олимп»-ы æрцыд зынгсирвæзт. Æвирхъау цауы тыххæй уайтагъд фæхабар кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ. Бынатмæ арвыстой 15 техникæйы иуæджы æмæ 54 адæймаджы. Ссыгъд комплексы пъадвалы бæстыхай. Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ цырд кæй фæлæууыдысты, уый руаджы зынсирвæзт бахызт уæззау фæстиуджытæй. Æхсæвыгон инспектортæ Пушкины номыл уынджы спортивон-дзæбæхгæнæн центр «Олимп»-ы рæзты цæугæйæ федтой фæздæг. Инспектортæ æвæстиатæй хъæугæ службæтæм адзырдтой æмæ уавæр бамбарын кодтой. Хъахъхъæнджыты æргом раздахынмæ пъæлицæйæгтæ скусын кодтой сæрмагонд хæдтулгæйы хъæргæнæн гæрзтæ. Комплексы бæстыхаймæ мидæмæ бацæуын бафæлвæрдтой Шмулевичы номыл уынгæй. Кæй йæ фервæзын кодтой, уый тыххæй пъæлицæйæгтæй нæлгоймаг стыр бузныг уыд. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй зынсирвæзт æрцыд абанайы бæстыхайы пецтæ æгæр кæй стæвд сты, уый аххосæй. Пъæлицæйæгты руаджы зынгсирвæст никæй бахъыгдæрдта. Чи зоны, æмæ бæстыхай æнæхъæнæй ссыгъдаид, фæлæ цыбыр рæстæгмæ бынатмæ æрбахæццæ сты Æнæнхъæлæджы уавæры министрады кусджытæ. Зынгирвæзт æвæстиатæй ахуыссын кодтой. Пъæлицæйæгтæн бузныджы ныхæстæ загъта спортивон комплексы директор дæр. Уалыты Артур, ОАО «Олимп»-ы генералон директор: «Фæндагггон æдасдзинады паддзахадон службæйы кусджытæ æмæ пъæлицæйæгтæн стыр бузныг зæгъын, афойнадыл кæй ахуыссын кодтой зынгсирвæзт. Æмæ бæстыхай хъыгдæрд кæй нæ баййæфта». Ныртæккæ бæрæг кæнынц, зынгсирвæст цæй аххосæй æрцыд, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы спортивон дзæбæхгæнæн комплекс «Олимп»-ы æрцыд зынгсирвæзт
Категория:
Новости и СМИ