Майрæмададжы дон нæй
Сæрд йæ тæмæны бацыд. Нæ республикæйы иуæй-иу хъæутæ та дон-дон кæнгæйæ, æрвитынц сæ бонтæ. Зæгъæм, Майрæмададжы цæрджыты иу æмæ дыууæ азы не сты донхъуаг. Уавæр сын сæ къухтæ сбаста, доныл ауæрдгæйæ, нæдæр хæринаг скæнын сæ бон нæу, нæдæр гæрзтæ цæхсын. Бузынг сты Алагиры районы доны хæдзарад сын цы стыр æххуыс кæны, уымæй. Нуазынæн дон сæм бонцухæй ласынц. Фæлæ уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы ницæй фаг кæны. Ахæм уавæр цæмæн сæвзæрд, уый базоныныл бакуыста не`сфæлдыстадон къорд. Майрæмададжы цæрджытæ пайда кæнынц æрласгæ донæй.Уый нуазынмæ.Фæлæ хи ныхсынмæ, гæрзтæ æмæ мигæнæнтæ ныхсынмæ дон та сæм нæй.Бæрнон кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр афтæ сырдыгон тæвды тыххæй скарз ис.Уый хъæуы цалдæр уынджы.Фæлæ цæрджытæм , ацы хъуыддагмæ ис æндæр цæстæнгас.Сæ ныхæстæм гæсгæ æрмæст ацы аз нæ тыхсыннц дон сæм фаг кæй нæй уымæй.Æрвылаз дæр сæм сырдыгон æрласгæ донæй уæлдай доны цъыртт никуыцæй хауы..Ома уавæр боныхъæдимæ баст нæу. Доны хæдзарады зæгъынц - аххосджын цæрджытæ сæхæдæг сты. Донæй раст нæ пайда кæнынц, нæ йыл ауæрдынц æмæ дон къаддæрæй-къаддæр кæны. Уый та дон куыд æмбæлы, афтæ нæ, фæлæ дзыр-дзырæй кæй кæлы, уымæн. Фæнысан ма кæнын хъæуы уый, æмæ кæмдæрты кæд кърæнтытæй цы дон цæуы, уый тæздзынæджы хуызæн у, уæд иуæй-иу рæтты та дон æппындæр нæ кæлы. Уый дæр ма ницы, фæлæ Майрæмадагмæ хæстæг - Дзуарыхъæуы сæйраг дондзæуæн хæтæлтæй чидæртæ сæ хæдзæрттæм дон бауагътой æмæ дзы æнæзакъонæй пайда кæнынц. Районы профилон куыстыуаты ацы фарста куыд аиуварс кæнæн ис, уымæ сæхи цæстæнгас ис, фæлæ сæ сæххæст кæнынæн хъæуы æхца. Майрæмададжы администрацийы сæргълæууæджы дæр ацы хъуыддаг куыд нæ тыхсын кæны. Стыр æргом æм здахы. Йæ тых йæ бонæй архайы цæрджыты цард фæрогдæр кæныныл. Зæрдæ æвæры, тагъд рæстæджы фарста кæй ауварс кæныдзысты, уымæй. Уæдæ цæрджыты дæр сæ хъæуыхицауы ныхæстæ ныфс бауадзынц. Уырны сæ тагъд рæстæджы сæм дон кæй фæзындзæн æмæ донласæн машинæтты æхситтмæ æнхъæлмæ кæсын кæй нал хъæудзæн, уый. Уæд сæ бон уыдзæн хъæуы цы бирæ куыстытæ ис, уыдон æнæ къуылымпыйæ кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Майрæмададжы дон нæй
Категория:
Новости и СМИ