Cæрибардзинады 10 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы экономикон рæзт æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн æппæт хъæугæ мадзæлттæ аразын. Ацы фарстатыл æрдзырдта Уæрæсейы президент Владимир Путин Кремлы дыууæ бæстæйы разамонджытимæ фембæлды рæстæг. Ныхас цыд æмгуыстады тыххæй. Владимир Путин бафиппайдта, хæстæгдæр хуыцаубоны 10 азы кæй сæххæст уыдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы хæдбардзинадыл. Йæ цæст ма æрдардта, бæстæты `хсæн базарадон куыст куыд цæуы, уымæ дæр. Ацы азы январæй-маймæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахАстдзинæдтæ æхцайæ нымайгæйæ разындысты 28,4 милуан доллары аргъ. Уый у 25,8% фылдæр фаронимæ абаргæйæ. Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæныны программæйы фæлгæты Уæрæсейæн ахсджиагдæр бынат ахсы республикæйы инвестицион проекттæ саразыны куыст. Абхази æмæ Уæрæсейы æхсæн уадзæн пунктты æгæр бирæ гæххæттытæ цæттæ кæнын кæй фæхъæуы, ууыл дæр фембæлды æрныхас кодтой. Владимир Путины ныхæстæм гæсгæ, æмгуыстад хъæуы фæуæрæхдæр кæнын, паддзахæдты `хсæн бастдзинадтæ та - фæфидардæр. Уæлдай вазыгджыныл Уæрæсейы президент банымадта, Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны фарста. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Cæрибардзинады 10 азы

Категория:

Новости и СМИ