Дзæуджыхъæуы информацион нымайæн центры куысты фæзынд ивддзинæдтæ
Коммуналон фиддонтæ бахастой иу гæххæтмæ æмæ ныр цæрджытæ æппæт лæггæдтæн фиддзысты иу ран. Кавказы нымайæн центртæй ахæм системæмæ гæсгæ ничима кусы. Адæмы æнцоЙдзинадæн дзы ныр иу ран бафидæн ис тæвд дон æмæ хъармæй уæлдай, алцæмæн дæр. Информацион центр æмæ Уæрæсейы Пост бафыстой адæмæн фиддонты гæххæттытæ æрвитыны тыххæй бадзырд. Хæстæгдæр 5 азы фæнд кæнынц фиддонтæ электрон хуызы исын. Уæд алкæй бон дæр уыдзæн коммуналон лæггæдтæн компьютертæй, кæнæ мобилон телефонæй бафидын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы информацион нымайæн центры куысты фæзынд ивддзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ