Алагиры районы фæзынд мобилон фелшырон акушерон пункт
Цалдæр мæй размæ Алагиры районы фæзынд мобилон фелшырон-акушерон пункт. Зилы районы хæххон æмæ дæрддзæф хъæутыл. Ахæм хъæутæ районы бирæ ис. Уыимæ ма 20 хæдзары йеддæмæ кæм нæй, ахæмтæ, дæр. Кæд сæ авналæнтæ уæрæх не`сты, уæддæр æппæт домæнтæ хынцгæйæ, хъуамæ медицинон æххуысæй цух ма уой. Багаты Настя цæры Хæтæлдоны. Хъæуы рынчындон нæй. Цæмæй хуымæтæг медицинон лæггæдтæ райса, уый тыххæй фæхъæуы Алагирмæ ацæуын. Афтæмæй сылгоймагыл та 93 азы цæуы. Ныр йын фадат фæци йæ хæдзарæй дардмæ æнæ цæугæйæ йе нæниздзинады уавæр сбæрæг кæнын. Уыцы æнцондзинад фæзынд ног мобилон фелшырон-акушерон пункты руаджы. Кусын райдыдта апрелы. Адæмы бон дзы у сæ туджы бæрæггæнæнтæ базонын, стæй зæрдæйы уавæр сбæлвырд кæнын. Уымæн дзы ис сæрмагонд ЭКГ-аппарат. Ныртæккæ у диспансеризацийы рæстæг æмæ адæм уæлдай арæхдæр пайда кæнынц медецинон пункты лæггæдтæй. Битарты Светланæ пунктмæ фыццаг хатт æрбацыд. Уымæ гæсгæ йæм уæлдай цымыдисаг кæсы. Ацы фелшерон-акушерон уагдон ис Алагиры районы сæрмаг рынчындоны бæрны. Æххуыс у хæххон æмæ дæрддзæф хъæуты дæр. Кæмдæр стационарон пунктæн, кæмдæр та - медицинон лæггæдтæ райсæн æппындæр кæм нæй, уым адæмæн фадат дæдтты се нæниздзинады уавæр сбæрæг кæнын. Районы ис бирæ чысыл хъæутæ, 20 хæдзары йеддæмæ кæм нæй, ахæмтæ. Фæлæ, хъуамæ медицинон æххуысæй цух ма уой. Цæмæй цæрджыты бон æххæстæй медицинон лæггæдтæй пайда кæнын уа, уый тыххæй Алагиры районы цетрон рынчындоны уынаффæ рахастой мобилон фелшерон акушерон пункт балхæнын. Фелшырон-акушерон пункты ма фæзындзæн УЗИ кæнынæн аппарат дæр. Уыимæ ма дзы кусын райдайдзысты невролог, окулист æмæ ЛОР-дохтыртæ дæр. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры районы фæзынд мобилон фелшырон акушерон пункт
Категория:
Новости и СМИ