Къубалты Эльбрус бабæрæг кодта Дæргъæфсы дзæппæзтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дæргъæфсæй хабæрттæн ныр дыккаг бон фæуæн нал ис. Абон дзæппæзтырдæм йæ ных сарæзта нæ республикæйы культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Хъуамæ бынаты сбæрæг кодтаид, йæ раздæры уынаффæйы домæнтæ куыд æххæстгæнгæ уыдзысты, уый. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бон раздæр министр уынаффæ рахаста музейон комплекс сæхгæнын. Ацы видеоæрмæг апарахат социалон хызæгты, лæппу Дæргъæвсы дзæппæзты стджытимæ къамтæ куы систа, уый фæстæ. Цалдæр боны йæм уыцы хъуыддаджы фæстæ æртхъирæнтæ кодтой. Уавæрмæ æргом аздахын кæй хъуыд, уый сусæггаг нал уыд. Абон нæ республикæйы культурæйы министр Къубалты Эльбрус бынатмæ абалц кодта, цæмæй йæхи цæстæй фена, цы кæнгæ у, уый. Министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уал рæстæгмæ дзæппæзтæ сæхгæдзысты. Афтæ зæгъæн нæй, æмæ сæм æппындæр никæй уаддзысты. Кæй фæнда, уыдонмæ лæмбынæг кæсдзысты. Дæргъæвсы дзæппæзтæ сты национ музейы филиал. Уымæ гæсгæ министр музейы директорæн бабар кодта къуырийы кæронмæ куысты пълан саразын. Хъуамæ йыл бакусой цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитетимæ. Музейы директор Къубалты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг æппæт хъæугæ мадзæлтты пълан сбæрæг кæндзысты. Къубалты Валерий куыд зæгъы, афтæмæй æнæхъæн дунейы дæр адæм уæлмæрды æнæпълан митæ нæ фæкæнынц. Уымæ гæсгæ сæ уырныдта, уазджытæ сæхи куыд æмбæлы, афтæ кæй дардзысты, ууыл. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй бирæтæ æрбацæуынц хынджылæг кæнынмæ. Дæргъæвсы дзæппæзтæм кæдддæридæр цæуы бирæ туристтæ Уæрæсейæ æмæ бæстæйы алы къуымтæй. Уымæ гæсгæ уæлдай ахсджиаг у йæ бахъахъхъæнын. Дзæппæзтæм бæлццæтты къордтæн цæуыны бар уыдзæн æрмæстдæр нæхи республикæйы гидтимæ. Цæмæй сæ нымæц æмбæлгæ уа, уыйтыххæй сæ цæттæ кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Канд æнæуаг митæ кæнын дзы нæ уаддзысты уыдон. Уый нæ, фæлæ ма нæ историон цыртдзæвæнты тыххæй дæр раст зонындзинæдтæ дæтдзысты уазджытæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Къубалты Эльбрус бабæрæг кодта Дæргъæфсы дзæппæзтæ

Категория:

Новости и СМИ