Бирæ нал баззад
Южныйы поселочы тарнизы ныхмæ диспансер 1-æм декабрмæ самайын. Ахæм хæс Битарты Вячеслав радта министртæ æмæ æмбæлгæ уагдæтты уæнгтæн. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй объекты куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ. Ныридæгæн амад сты къултæ, пъолтæ. Арæзт сты электрон тыхдæттæг системæтæ. Цар дæр бамбæрзтой. Республикæйы сæргълæууæг фæсидтис, цæмæй куыстытæ афоныл фæуой, уыимæ сæм фау æрхæссæн хъуамæ ма уа. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, тарнизы диспансер 2017 азæй фæстæмæ амайынц паддзахадон программæ «Цæгат Кавказы Федералон зылды райрæзт»-ы фæлгæты. Бынат дзы уыдзæн 276 рынчынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бирæ нал баззад
Категория:
Новости и СМИ