Къæдзæхыл хизынæй чемпионат Ирыстоны
Цæгат Ирыстоны спорты министрады хъæппæрисæй нæ республикæ къæдзæхыл хизынæй чемпионат саразыны бар йæхимæ райста. Ерыстæ цæудзысты 4-æм майæ 13-æм маймæ. Абон та уал æвдисæн уыдыстæм ерыстæм цæттæгæнæн куыстытæн. Бæлтамæ хæстæг къæдзæхы айнæгыл 10 альпинисты сыгъдæг кæнынц спортсментæн се схизæнтæ. Фидæны уый сахаддзæн архайджыты æдасдзинадыл. Цæгат Ирыстоны альпинизмы Федерацийы сæрдар Хæмыцаты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ, къæдзæхмæ хизыны спорт Ирыстоны фæзынд фыццаг. Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Ирыстонмæ ссæудзысты æппæт Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы алы регионты минæвæрттæ. Къордтæн ис сæхи маршруттæ равзарыны бар. Трассæ арæзт фæцæуы алыхуызон домæнтæм гæсгæ. Æдæппæтæй сты 30 фæндаджы, 100 метрæй 350 метры онг. Аразджытæ сæ зæрдæ дарынц, чемпионат уазджыты зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къæдзæхыл хизынæй чемпионат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ