Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ дæттынц фæсарæйнаг æвзаджы фæлварæны дзургæ хай
Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ радтой Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн - фæсарæйнаг æвзаджы дзургæ хай. Ахуырад æмæ наукæйы министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ахицæн сты æнæ барадхæлдтытæй. Æдыппæтæй фæлварæны архайдтой 216 адæймаджы. Уыдонæн абон байгом кодтой 6 пункты. Фæсарæйнаг æвзаг æнæмæнг дæттын кæй хъæуы, уыдонмæ нæ хауы. Хистæркъласонтæ йæ æвзаргæ кæнынц. Фæлварæны фысгæ хай радтой 6 июны. Чи цал баллы райста, уый сбæрæг кæндзысты дыууæ хайы дæр куы радтой, уæд. Ацы хай рауагъдонтæ дæттынц комьютертыл. 15 минуты йеддæмæ сын нæй хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынмæ. Йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн та - 30 минуты. Фæлварæны хаттдзæгтæ базондзысты 24 июны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ дæттынц фæсарæйнаг æвзаджы фæлварæны дзургæ хай
Категория:
Новости и СМИ