Комкоммæ ныхас
Ацы аз Мæздæджы районæн федералон программæтæ сæххæст кæнынæн радих кæндзысты иу милллиард сомы. Уыйбæрц фæрæзтæ йын фыццаг хатт радих кодтой. Сæ фылдæр сын бахардз кæндзысты ног фæндæгты арæзтадыл. Ацы хъуыддаг районы ахсджиагдæртæй иу у. Уыдæттыл Битарты Вячеслав ныхас кодта районы цæрджытимæ фембæлды рæстæг дæр. Ныхасы бар - нæ уацхæссæг Брытъиаты Феликсæн. Винограднæйы хъæуы культурæйы галуаны къух бакæнæн нæй. Нæ республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлдмæ ардæм æрбацыдис бирæ адæм. Дзурынц, цы фарстатæй тыхсынц, уыдоны тыххæй. Зæгъæм, фосхизæнтыл. Бирæтæ дзы бахуым кодтой, æмæ адæм сæ фос цы ранмæ аздахой, уый нал баззад. Хурыхъæуы цæрджыты тыхсын кæнынц газ æмæ интернеты фарстатæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй бафæлладысты сæ хæдзæртты сугæй æндзарынæй. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй уыцы сæрниз бахастой 2022-æм азмæ конд паддзахадон программæмæ. Фадат куы уа, уæд æй фæраздæр кæндзысты. Фембæлды ма ныхас кодтой æнæниздзинады фарстатыл. Зæгъæм, Чысыл Малгобечы ФАПы тыхсын кæнынц бирæ фарстатæ. Бæстыхай æрбынæттон сывæллæтты раздæры рæвдауæндоны. Хъæуы йæ сцалцæг кæнын. Уæдæ дзы хъармгæнæн системæ дæр нæ кусы. Арæх дохтыртæн сæ бон нæ вæййы сывæллæтты æнæниздзинадмæ `ркæсын. Битарты Вячеслав бахæс кодта ацы фарстайыл сæрмагондæй бакусын. Притеречныйы хъæуы цæрджыты та тыхсын кæны тагъд æххуысы хæдтулгæйы уавæр. Арæх рынчыны ласгæйæ асæтты æмæ фæндагыл баззайы. Нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз Мæздæджы район райста тагъд æххуысы 3 ног къареты. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, иу хæдтулгæ арвитдзысты Притеречныйы ФАпмæ. Республикæйы сæргълæууæг ма абалц кодта Павлодольскæмæ дæр. Уым Черноярскæйы цæрджытæ хъаст кодтой, социалон объекттæ сæм фаг кæй нæй, уымæй. Битарты Вячеслав бабар кодта адæмæн баххуыс кæнын æмæ хъæуты æмбæлгæ уавæртæ саразын. Уымæй уæлдай ма йæ ныхасы бафиппайдта, хи хæдзарадты райрæзтæн æмбæлгæ уавæртæ кæй араздзысты. Суанг хъармуаттæ дæттынæй дæр. Республикæйы сæргълæууæг уыдис Мæздæджы дæр. Цæрджытæ сæ хъæстытæй иу дæр фæстейы нал ныууагътой. Зæгъæм, Троицкæйы хъæуы дондзæуæн хæтæлтæ заууатмæ `рцыдысты æмæ йæ ногæй раивæг нæй. Уымæй уæлдай ма районы цалдæр хъæуы нæй æрдзон артаг дæр. Æмбырды ма Битарты Вячеслав фехъусын кодта, мадæлты республикон капитал фидын кæй райдайдзысты, уый тыххæй. Чи йæ нæ райста программæйы фæлгæты, уыдонæн сæ дыууæ азмæ æххæстæй бафиддзысты. Уый тыххæй респуликæйы бюджетæй радих кодтой 80 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Комкоммæ ныхас
Категория:
Новости и СМИ