Джыгкайты Георгий куры æххуыс
Джыгкайты Георгийыл 16 азы цæуы. Ахуырмæ рæвдз у, фæлæ йæ йе `нæниздзинад хъыгдары. Æрыгон лæппумæ рабæрæг æвзæр низ – Ходжкины лимфомæ. Ныртæккæ йæ зынаргъæй дзæбæх кæнынц Израилы. Цæмæй курс кæронмæ ахæццæ кæна, уый тыххæй йæ ныййарджыты хъæуы 5 мин евройы æрæмбырд кæнын. Уый бæрц æхца бинонтæм нæй. Цы сæм уыд, уыдон бахардз кодтой. Ныр фыртыхстæй цы фæуой, уый нал зонынц. Бахъуыд сæ зæрдæхæлар адæммæ фæсидын. Джыгкайты Георгийæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæй алкæй бон дæр у уый бакæнын. Арвитæн ис СМС-хъусынгæнинаг: стыр дамгъæтæй фыст дзырд «ДОБРО15» цыбыр номыр 7522-мæ. Ныр та уал уæ хонæм Георгиимæ базонгæ уæвынмæ. Джыгкайты хæдзары бæллæх æнæнхъæлæджы æрцыд. Сæ хистæр фырт Георгий æвваст тæвд кæнын райдыдта. Сæ бон æй æрæппарын ницы хуызы уыд. Лæппу хид кæнын дæр ма райдыдта. Афтæмæй мæймæ 8 килограммы аппæрста. Мæскуыйы йын сæвæрдтой диагноз – онкологи, Ходжкины лимфомæ. Уæрæсейы дохтыртæн ын сæ бон баххуыс кæнын не сси. Сывæллоны Израильмæ ласын бахъуыд. Джыгкайты Георгий: «Химион терапийы дыууæ курсы мын скодтой. Мæнæ 15-æм июлы мæ дыккаг курс фæуыдзæн. Зынтæй сæ фæразын, æвзæр мыл фæзынынц, уымæй уæлдайма кæм рафадын, кæм мын тынг фæриссы. Мæ сæрыхъуынтæ ахаудысты, ме нуæрттæ фæриссынц, мæ риуы дæр афтæ. Мæ дзыхы цыдæр æвзæр ад вæййы. Мæ зæрдæ фæхæццæ кæны, фæомын». Ныртæккæ Георгийæн кæнынц химиотерапийæ. Кæд æмæ йæ рыст æнæфæразгæ у, уæддæр лæппу йæ зæрдæ дары, кæй сдзæбæх уыдзæн, ууыл. Æппынæдзух ныхас кæны йæ Хиуæттæ æмæ йе рдхæрдтимæ. Уыдон дæр ын ныфсытæ авæрынц. Æххуыс ын кæнынц, куыд сæ бон у, афтæ: кæм ныхасæй, кæм æхцайæ. Израилы Георгий йæ рæстæг нæ сафы. Алы бон дæр æнтыстджынæй ахуыр кæны иврит. Фæнд кæны фидæны йæхи хуызæн зын уавæрмæ чи ис, уыдонæн æххуыс кæнын. Цæмæй Георгий химион терапийы курс дарддæр кæна, уый тыххæй йæ хъæуы 5000 евройы. Бинонтæм цы уыд, уыцы ‘хца иууылдæр сывæллоныл схардз кодтой. Фæлæ ныр зын уавæры сты. Сæ зæрдæ дарынц æрмæстдæр зæрдæхæлар адæмы æххуысыл. Хъуысаты Амырхан: «Сидæм адæммæ, æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ нæ бæстæйы æппæт цæрджытæм дæр, Георгийæн баххуыс кæнынмæ. лæппуйæн цалдæр хуызы баххуыс кæнæн ис. Æппæт реквизитты номхыгъд базонæн ис сайт добро15.com. Георгийы хабар иннæты хуызæн нæу. Ам хъæуы тагъд æххуыс. Ногæй та нæ нæхи равдисын хъæуы, нæ хиуæтты бахъуаджы заман кæй нæ ныууадзæм, уый». Химион терапийæты тыххæй сывæллоны стджытæ райдыдтой пырх кæнын. Уымæ гæсгæ ма Георгийы бахъæудзæн стджыты магъз баивынæн операци скæнын. Лæппуйы донор суыдзæн йæ кæстæр хо. Джыгкайты бинонтæм нырма бирæ æвзарæнтæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ ныртæккæ сæйрагдæр у рæстæг ма сафын, æмæ лæппуйæн æвæстиатæй æмбæлгæ æххуыс бакæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Джыгкайты Георгий куры æххуыс
Категория:
Новости и СМИ