Композитор Тедеты Шалико бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей
Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр, спортсмен, композитор æмæ поэт Тедеты Шалико бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей. Уый фæдыл ын арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты йе ’мбæлттæ, хиуæттæ æмæ йын йæ аивадæн стыр аргъ чи кæны, уыцы адæм. Скъоладзаутæ бакастысты поэты æмдзæвгæтæ, акодтой йын йæ фыст зарджытæ. Йæ музыкалон уацмыстæ баст сты ахсджиаг темæтимæ: фыдыбæстæ, ныййарджытæ, сывæллæттæ. Литературон изæры рæстæг композитор дзуапп лæвæртта уазджыты фæрстытæн, уыимæ ма арфæ ракодта æппæт уазджытæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Композитор Тедеты Шалико бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ