Сывæллæттæн пайда
Сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн фадат фæзынд Кванториумы ахуыр кæнынæн. Ахæм хъæппæрис бахаста республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ног зонындзинæдтæ райсын кæй фæнды, ахæмтæ ныридæгæн разынд. Се `хсæн - Даниил Яковлев дæр. Лæппуйыл цæуы 14 азы, йæхи фæлвары нырыккон технологитимæ архайынæй. Ацы къабазы професионалон хуызы ахуыртæ ацæуын уайтагъд сразы ис. Даниилæй уæлдай ма кванториумы ахуыр кæнынц сывæллæтты хæдзары дыууæ хъомылгæнинаджы. Ам архайынц 5 къабазы: IT-квантум, Аэроквантум, Промробоквантум, Биоквантум æмæ промышленнон дизайн. Технопарчы ис 800 сывæллонæй фылдæр. Сарæзтой сын æппæты нырыккондæр уавæртæ. Сывæллæттæ 6 мæйы æмгъуыдмæ ахуыртæм æрбацæуынц къуыри дыууæ хатты. Куы фæуой, уæд сын ратдзысты сæрмагонд æвдисæндартæ. Уым нысангонд уыдзæн, фæсивæд нырыккон гæрзтимæ архайын кæй зонынц, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæттæн пайда
Категория:
Новости и СМИ