Скъоладзауты базонгæ кодтой алуыхызон дæсныйæдтимæ
Федералон проект «Билет в будущее» цы регионты æххæст кæнынц, уыдонмæ хауы нæ республикæ дæр. Проектæн йæ сæйраг хæс у, скъоладзаутæн баххуыс кæнын сæ фидæны дæсныйад равзарынмæ. Архайынц дзы 6-æм къласæй-11 къласы онг ахуырдзаутæ. Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы дæр дыккаг аз кусынц проектмæ гæсгæ. Канд Æрыдон нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы скъоладзаутæн вæййы фадат сæхи алыхуызон дæсныйæдты бафæлварын. Джиоты Агундæ нырма ахуыр кæны 8-æм къласы. фæлæ фидæны цы дæсныйад равзардзæн, уый ныридæгæн бæлвырдæй зоны. Йæ бæллиц у хæринаггæнæг суæвын. Абон ын фадат фæци йæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын, стæй дæсныйады сусæгдзинæдтæ базонын. Чызджытæ æмæ лæппутæ сæхи фæлварынц канд адджинæгтæ кæнынæй нæ, фæлæ чъиритæ фыцынæй дæр. Сæ цæст сæм дарынц колледжы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Лæмбынæгæй сын амонынц хыссæ куыд кæнын хъæуы, уый. Аразынц ма алыхуызон бутербродтæ дæр. Бирæтæ дзы сæхи ацы дæсныйады фыццаг хатт фæлварынц. Колледжы ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй абон сабитæй бирæтæ сбæлвырд кæндзысты, хæринаггæнæг æмæ кондитеры дæсныйад сæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, уый. Уымæй уæлдай ма, скъоладзауты бон баци базонгæ уæвын æндадзæджы дæсныйадимæ. Техникон æдасдзинады домæнтæ сын радзырдтой. Бацамыдтой сын æфсæйнаг æндадзыны алы хуызтæ. Стæй нырыккон кусæнгæрзтимæ куыд архайын хъæуы, уый дæр сын равдыстой. Æндадзæджы дæсныйадмæ фæстаг азты фылдæр студенттæ æвзарын райдыдтой. Арæхдæр цы дæсныйæдтæ равзарынц, уыдонæй у хуыйæг дæр. Чызджытæ хи къухтæй хуыйынц базы цъæрттæ. Цымыдисæй хъусынц амынддзинæдтæм. Ам та скъоладзаутæн æргом кæнынц ирвæзынгæнæджы дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Амонынц сын, зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы. Альпинистты гæрзтæ æмæ ирвæзынгæнæджы сæрмагонд уæлæдарæс хиуыл раст куыд скæнын хъæуы, уыдон съоладзаутæн равдыстой. Уæдæ, электромонтажы технологитимæ дæр сабиты бæстонæй базонгæ кодтой. Сæрмагонд щиттимæ куыд архайын хъæуы, уый тыххæй дæр сын радзырдтой. Агуыридур раст куыд æвæрын хъæуы æмæ цас змисызмæст уа се ’хсæн, уый дæр сабитæ базыдтой. Сæхи уыцы дæсныйæдты бафæлварыны фадат сын фæци федералон проект «Билет в будущее»-йы руаджы. Колледжы проектмæ гæсгæ скъоладзаутимæ кусынц 2 аз нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады æххуысæй. Æппæт скъоладзаутæн дæр уыдис фадат, цы дæсныйæдты сæ фæнды хи бафæлварын, уыдон равзарын. Знон колледжы суазæг кодтой Æрыдоны скъолаты ахуырдзауты. Абон та ма æнхъæлмæ кæсынц Æрхонкæ æмæ Нартыхъæуы сабитæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Скъоладзауты базонгæ кодтой алуыхызон дæсныйæдтимæ
Категория:
Новости и СМИ