Елхоты цалцæг кæнынц аллея
Елхоты цæуынц бындуронæй цалцæггæнæн куыстытæ. Ног кæнынц Ленины номыл уынджы аллея. Уый къухы бафтыд Парти Иугонд Уæрæсейы «Комфортная городская среда», зæгъгæ проектмæ гæсгæ. Куыстытæ фæуыдзысты 15 июны. Ног тротуар бадæн бынæттимæ, нырыккон рухстæттæн системæ. Ацы ивдзинæдтыл цæрджытæ цин кæнынц. Цæлцæггæнæн куыстытæ райдыдтой ивгъуыд аз. Уæд къахвæндагæн баивдтой километрæй фылдæр. Ацы аллея республикæйы уыдзæн æппæты даргъдæр. Йæ дæргъ уыдзæн дыууæ километры æмæ `рдæг. Æдасдзинады тыххæй дзы скæндзысты сæрмагонд нысантæ. Ныртæккæ бынаты кусы сæрмагонд техникæйы 8 иуæджы. Парти Иугонд Уæрæсейы сæрмагонд проекты руаджы ма Кировы номыл æмæ Бæройты фсымæрты номыл уынгты сног кæндзысты къахвæндæгтæ. Куыстытыл æдæппæтæй бахардз кæндзысты 6 милуан æмæ 500 мин сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Елхоты цалцæг кæнынц аллея
Категория:
Новости и СМИ