Дыууæ азмæ Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты байгом кодтой 80 афтекæй
Ныр та æнæниздзинад хъахъхъæнынады райрæзты тыххæй. Дыууæ азмæ Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты байгом кодтой 80 афтекæй фылдæр. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй хостæ самал кæнæн ис фелсырон-акушерон пункттæ æмæ амбулаториты. Специалисттæ бацархайдтой æгас республикæйыл æххæсын, уыимæ чысыл цæрджытæ кæм ис, ахæм хъæутыл дæр. Раздæр, хуымæтæг хосты тыххæй дæр адæмы хъуыд районы центртæм цæуын. Уыцы хъуыддаг уæлдай зын уыд хистæр кары цæрджытæн. Ныртæккæ та фарста лыггонд æрцыд.