Хъæппæрисджын адæмы руаджы куывддон аразын райдыдтой Беслæны
Хуыцауы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Адæм фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, йæ хорзæх дзы агурынц. 3 азы куывддон аразын райдыдтой Беслæны дæр. Уый хъæппæрисджын адæмы фæрцы. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ сæ тæмæны сты. Беройты Мурат ацы кувæндоны зоны алы дур дæр. Бирæ дзы фæкуыста æвæллайгæйæ. Йæ самайыны фæнд йæм куыд фæзынд, уый дæр цымыдисаг у. Стыр Хуыцауæн кувæндон саразыны хъуыды Беройты Муратмæ фæзынд æртæ азы размæ. Йæ фыны федта ацы рухс бынат. Уый нæ, фæлæ ма дзы федта кувæндон йæхæдæг дæр арæзтæй. Ныр æппæт куыстытæ фесты. Ахæм кадджын боны тыххæй бирæ бафыдæбон кодтой. Ацы бынаты ма фæнд кæнынц самайын Хуыцæутты Хуыцауы бæрзонддзинады номыл мæсыг. Йæ бæрзæнд уыдзæн 26 метры. Арæзт уыдзæн уæладзыггай. Мæсыгæн æ уæле сæвæрдзысты фынг. Уым адæмæн уыдзæн фадат Стыр Хуыцаумæ кувын. Уыдзæн цы рухсдæттæн системæ дæр. Арæзтадон куыстытæ куы фæуой, уæд фехъусын кæндзысты адæмæн, цы мæй æмæ цы бон сараздзысты куывд ногарæзт бынаты. Алыккаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы ахæм кувæндон иу районы дæр нæй. Кувæндонмæ цæуæн уыдзæн цалцæггæнæн куыстыты фæстæ. Ныридæгæн уал æрæмбырд кодтой, æхцайы фæрæзтæй чи баххуыс кодта æмæ æрмгуыстæй чи фæкаст, уыдоны, цæмæй сын зæгъой бузныджы ныхæстæ æмæ сын арфæтæ ракæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæппæрисджын адæмы руаджы куывддон аразын райдыдтой Беслæны
Категория:
Новости и СМИ