Букъа #Кæрдæг
«Букъа», «астрагал» дæр ма йæ хонынц. Советон Цæдисы хицауад стыр кад кодтой ацы кæрдæгæн. 2010-æм азы рацыд чиныг «Букъа - паддзахы кæрдæг». Уыцы чиныджы фæстæ хуымæтæг адæм се ргом аздæхтой ацы кæрдæгмæ. Нæ фыдæлтæ йæ «æнусон царды кæрдæг», стæй «тыхы кæрдæг» хуыдтой. Уыцы ном ыл дзæгъæлы не сфидар - дохтыртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ ацы кæрдæгæй конд цайы фæстæ адæймаджы тых фæфылдæр вæййы. Операцитæ æмæ уæззау низты фæстæ йæхимæ зынтæй чи рцæуы, уыдонæн æй рафыссынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Букъа #Кæрдæг
Категория:
Новости и СМИ