Цæгат Ирыстоны аразынц куыстдæттыны армукъатæ
Ахæм мадзæлттæ хъуамæ арæзт цæуой республикæйы районты æмæ хъæуты дæр 3 мæйы иу хат. Уымæй фылдæр та Дзæуджыхъæуы. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы хъуыддаджы ахсджиаг у куысты мыздты тыххæй информаци адæмæн æргомæй хъусын кæнын. Уыимæ профилон комитет хъуамæ æмгуыст кæна муниципалон скондты сæргълæуджытимæ. Цæмæй хъуыддаг фылдæр сахада куысты дæттыны уавæрыл, уый тыххæй та хъæуы афойнадыл хъусын кæнын, ахæм армукъатæ кæй цæудзæн, уый тыххæй. Куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм армукъатæ ноджы фылдæр фадæттæ дæттынц куыст ссарынæн. Куырдиат кæмæ разыны, ахæмтæ бирæ ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны аразынц куыстдæттыны армукъатæ
Категория:
Новости и СМИ