Чырыстон ир
Армукъа «Чырыстон Ир» 6-ам хатт абон байгом Дзæуджыхъæуы. Культурон-рухстауæн мадзæлттæ, дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, къухæй конд цымыдисаг дзаумæттæ, сыгъдæг дзуæртты нывтæ. Ахæм хъæздыг рауад армукъа. Бабæрæг æй кодта не`сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæйæн. Спорты галуан "Манеж"-ы абон у диссаджы бæрæгбон. Ам алыхуызон ахорæнтæй цæст рæвдауынц дзуары нывтæ. Армукъа «Чырыстон Ир»-мæ æрбацыдысты бирæ адæм. Удæй-сыгъдæй æмæ хуыцаууарзаг. Бирæтæ сæхи Мæздæджы Мадымайрæмыл бафæдзæхстой. Сыгъдæг иконæйы цур сарæзтой сæрмагонд службæ. Ацы цымыдисаг мадзал арæзт æрцæуы æрвылаз Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы хъæппæрисæй. Æххуыс та сын бакодта горæты администраци. Армукъайы архайынц Уæрæсейæ æмæ хæстæг фæсарæнтæй 100 куыстуаты . Се `хсæн - моладзандонтæ, аргъуантæ, рауагъдадтæ æмæ æрмадзтæ. Æвдисынц алыхуызон продукци. Ис дзы мыд, хиконд хостæ, дзуары нывтæ, чингуытæ, дзаумæттæ æмæ ма æндæр диссæгтæ. Матушка Митрофаня: «Ацы равдысты руаджы, бирæтæ куыд фæзæгъынц, Хуыцаумæ æрцæуынц. Цавæрдæр æвзæр низтæй адæм сæхи сдæбæх кæнынц. Мах дæр ацы равдыстмæ æрластам дзæбæхкæнæн хос. Бирæтæн баххуыс кодта». Раздæрау йæ аразджытæ бацæттæ кодтой культурон-рухстауæн мадзæлттæ дæр. Уыдзæн дзы фенын дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, кæнæ та кинонывтæм бакæсын æмæ аив дзырдмæ байхъусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чырыстон ир
Категория:
Новости и СМИ