Алагиры районы социалон æххуыс райстой 145 адæймаджы
Зайæгой цафон хуыздæр у ныссадзын, дон ыл цас хъæуы ныккæнын. Тала хуыздæр у, чи алæууыд, ахæм къæвдайы донæй бафсадын. Габолаты Эльбрус туя зайын кæнынады æппæт сусæгдзинæдтæ дæр хорз зоны. Зæххыл тыд ис сæрмагонд æмбæрзæн — зайæгойтæм уадзы дон æмæ уæлдæф, хъахъхъæны сæ хæмпæлгæрдæгæй. Донæй пырхгонд цæуынц сæрмагонд гарзы руаджы. Чысыл таладоны зайы туйæйы дыууæ хуызы — колумна æмæ смарагд. Уыдон, Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы сты уæлдай парахат. Пайда сæ кæнынц ландшафтон дизайн, уыимæ аивгæнæн хуызы. Егъаудæр талаты нымæц 300-йы бæрц. Амалхъомад байгом кодта нырма сæрды. Уыцы хъуыды йæм, куыд нын радзырдта, афтæмæй фæзынд æнæнхъæлæджы. Туйæтæ уæй кæнын райдайын фæнд кæны иннæ азæй. Уæвгæ, бæлæстæн æлхæнджытæ ныридæгæн дæр ис. Æмæ куыд сыхаг регионтæй, афтæ æппæт Уæрæсейы дæр. Чысыл бæласдонæн æхцайы фæрæзтæ Эльбрус райста социалон контракты руаджы. 350 мин сомæй балхæдта тауинæгтæ. Ныридæгæн Алагиры районы социалон æххуыс райстой 145 адæймаджы. Уыдонæй 99 баст сты амалхъомадимæ. Æдæппæтæй та республикæйы ахæм æххуыс райстой 1177 цæрæджы.