Æрыгон разамонджытæ
«Ученическое самоуправление». Афтæ хуыйны æппæтуæрæсон конкурс. Регионалон къæпхæны ерыстæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуæй, Рахизфарс æмæ Мæздæджы районтæй 11 скъолайы командæтæ. Абон сæхи фæлвæрдтой разамонджытæй. Бацæттæ кодтой презентацитæ, архайдтой дебатты. Уый размæ та скъоладзаутæ бацæттæ кодтой сæ куыстытæ æмæ сæ тæрхонгæнджытæн равдыстой. Ахуыргæнæндæттæ та сæ командæтæн сцæттæ кодтой видеормæджытæ æмæ радзырдтой цавæр мадзæлтты архайдтой, уый тыххæй. Конкурсы архайджытæ интервуьюйы фæрцы аныхас кодтой нæ республикæйы зындгонд бæрнон адæмимæ. Регионалон къæпхæны хатдзæгтæ куы скæной, уæд хуыздæртæ архайдзысты Уæрæсейы ерысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыгон разамонджытæ
Категория:
Новости и СМИ