Сергей Меняйло федта социалон объектты арæзтад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Сергей Меняйло сбæрæг кодта, Горæтгæрон район æмæ Дзæуджыхъæуы цы социалон объекттæ аразынц, уыдон. Æркаст завод «Автоспецоборудование»-йы уавæрмæ дæр. Регионы разамонæг ма аргъ скодта, Чермены хъæуы 360 сывæллонæн цы скъола арæзт цæуы, уымæн. Объект амайынц национ проект «Образование»-йы фæлгæты. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныридæгæн архайынц скъола электрон хызæгтæм баиу кæнын æмæ хъармдæттæн системæйы куыст бынывыл кæныны фарстатыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ æххæстгонд æрцæудзысты афæдзы кæронмæ. Сергей Меняйло уæлдай æргом аздæхта ахуырадон уагдоны æдасдзинады фӕрӕзтӕм. Бахæс кодта скъолайы саразын нырыккон хъахъхъæнæн системæ. Республикæйы сæргълæууæг ма сбæрæг кодта, Дзæуджыхъæуы 280 бынатæн цы сывæллæтты рæвдауæндон арæзт цæуы, уый дæр. Объект æххæст кæнынц национ проект «Демография»-йы фæлгæты. Ныридæгæн къултæ амайынц кирипичæй, æхгæнынц дыккаг уæладзыг. Сергей Меняйло бабар кодта рæвдауæндоны куыстытæ афойнадыл сæххæст кæнын. Уый фӕстӕ бабæрæг кодта Беслæны завод «Автоспецоборудование». Бирæ рæстæг сæ сæйраг куыст уыд хæдтулгæтæ ласæн автоприцептæ уадзын. Фæлæ абон ам архайынц металлоконструкцитæ аразыныл. Уырдæм хауынц сывæллæты хъазæн фæзтæ, уынгты спортивон тренажертæ æмæ бандæттæ, бырондæттæ. Продукци ласынц нæ бæстæйы æндæр регионтæм дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv