Рауагъдад «Ир»-ы 95 азы юбилей
Национ наукон чиныгдоны сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны рагондæр рауагъдадтæй иу – «Ир»-ы 95 азы юбилей. Се ’мкусджытæн арфæ ракæнынмæ ссыдысты минæвæрттæ Кæсæг-Балхъарæй æмæ Цæцæнæй. Мингай чингуытæ, сæдæгай автортæ - рауагъдады истори дисы `фтауы. Чингуыты национ рауагъдад саразынмæ ахадгæ бавæрæн бахастой Ирыстоны зындгонд фысджытæ - Гæдиаты Цомахъ, Æмбалты Цоцко, Барахъты Гино, Коцойты Арсен. Рауагъдад фæзынд 1921 азы Дзæуджыхъæуы. Уæдæй абонмæ ахызт бирæ зындзинæдты сæрты. Куыд раздæр, афтæ ныр дæр куыстуаты раззагдæр хæстæй иу у, национ литературæ хъахъхъæнын æмæ рæзын кæнын. Уал азмæ рауагъдад «Ир» баййæфта бирæ ивддзинæдтæ, фæлæ сæ рох нæу, кæсджыты ирон æвзаг æмæ культурæимæ зонгæ кæнын кæй хъæуы, уый. Ууыл æвæллайгæйæ кусынц æрвылбон дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рауагъдад «Ир»-ы 95 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ