Аслан Яндиевы уголовон хъуыддаджы фæдыл уынаффæ рахæсдзысты 5 июлы
Цæгат Кавказы зыллды æфсæддон тæрхондоны 5 июлы уыдзæн радон æркаст Аслан Яндиевы хъуддаджы фæдыл. Рахæсдзысты йын кæронбæттæн уынаффæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц тæрхондноны пресс службæйæ. Аслан Яндиевы аххосджын кæнынц 2005 -2006 азты Цæгат Ирыстоны теракктæ кæй сарæзта, уый тыххæй. Азым дары электрон тыхы дæлстанцæ æмæ мобилон бастдзинады антеннæты цæджындз срæмудзынæй. Уæд слестгæнджытæ куыд раиртæстой, афтæмæй иунæгæй нæ уыдис. Сæ фыдракæнды рæстæг адæмæй хъыгдард ничи баййæфта, фæлæ хæдзарадæн стыр зиан æрхастой. Уыцы бæллæх саразыны фæстæ Аслан Яндиев йæхи бафæсвæд кодта фæсарæнты, мæнг паспорт саразгæйæ. Барады кусджытæ йæ агуырдтой цалдæр азы, æмæ йыл 2011-æм азы январы фæхæст сты Словакийы. 2018-æм азы йæ Уæрæсемæ æркодтой. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй прокуратурæ бадомдта Аслан Яндиевæн 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссын. Зæгъын хъæуы уый æмæ йæ азымы дарынц Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 209-æм, 222-æм, 205-æм, 30-æм æмæ 5-æм статьяты алы хæйттæм гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аслан Яндиевы уголовон хъуыддаджы фæдыл уынаффæ рахæсдзысты 5 июлы
Категория:
Новости и СМИ