Цъеуты Валентинæ насæй цæттæ кæны цымыдисаг дзауматæ

Цъеуты Валентинæ йæ царды 25 азы снывонд кодта литературæйæн. Ныр аргъæутты хъайтарты фенæн ис йæ конд дзауматы. Сылгоймаг сфæлдыстадмæ æмхиц у, уымæ гæсгæ йæхи ссардта æрмдæсныйады. Бавдæлд æмæ аив мигæнæнтæ аразын райдыдта насæй. Ныр йæ диссаджы куыстытæ иу бæстыхайы нал цæуынц. Афтæмæй, Лескены фæзынд цымыдисаг æрмадз. Æрмдæсны уæлæмхасæн æрмæгыл бацин кæны. Йæхимæ дæр хъæздыг тыллæг вæййы. Дурынтæ, кæхцытæ, къалатитæ, цæрæгойты нывтæ – иууылдæр конд сты сæрмагонд насы хуызæй. Валентинæйæн йæхи цæхæрадоны зайы. Цæмæй дзы исты саразай, уый тыххæй йæ фæхъæуы бацæттæ кæнын. Нас хус куы рауайы, уæд йемæ æнцондæр архайæн вæййы. Насæй цы сараздзæн, уый Валентинæ сбæлвырд кæны куысты рæстæг. Æркæсы халсары формæмæ, хъæугæ нывæфтыд ыл скæны, уый фæстæ йæ сæрмагонд ахорæнтæй саив кæны. Æрмдæсныйады ацы хуызы йæ йæхи бафæлварынмæ сразæнгард кодта йæ фырты лæвар. Хуссар Африкæйæ дыргътæ сапоны хæрздæфимæ. Бафæндыд æй ахæм дзаума скæнын, йæ къухы бын фæцис нас. Аргъауы чызг къаретты Валентинæйæн йæ фыццаг куыст у. Сæйрагдæр у алы дзаумайыл дæр бæстонæй бакусын, цæмæй йæ æддаг бакаст рауайа зæрдæмæдзæугæ. Цъеуты Валентинæйыл цæуы 83 азы. Иу дзаума скæны цалдæр бонмæ. Йæ куыстытæ уæй нæ кæны, фæлæ сæ балæвар кæны уазджытæн, хиуæттæн, сыхæгтæн. Йæ æрмадзы арæх суазæг кæны скъоладзауты æгас Æрæфы районæй. Фæхай сын кæны йæ зонындзинæдтæй. Йæ насты мыггæгтæй байуары кæй хъæуы, уыдонæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
2 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии