Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта исæн кампани
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта исæн кампани. Абитурентты фылдæр хайы фæнды сæ зонындзинæдтæ математикæ æмæ информатикæйы фæфылдæр кæнын. Уыимæ ма æвзарынц юридикон, экономикон факультеттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны пресс-службæ. Ныридæгæн университетмæ бацыдысты 2мин 800 адæймаджы. Уыдонæй бюджетон бынæттæ сты 527. Уыимæ ма Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сырæзт фæсарæйнаг студентты нымæц. Ацы аз ахуыргæнæндоны къæсæрæй бахиздзысты студенттæ Китай, Камерун æмæ Сенегалæй. Абитуренттæ ахуыр кæндзысты ахуыргæнæг, фармацевт æмæ стоматологы дæсныйæдтыл. Æмткæй райсгæйæ æрцæуæккаг студентты нымæц фæфылдæр дыууæ хатты. Сæ фылдæр сты Узбекистан, Казахстан, Армени æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ. Ацы аз университетмæ сæ гæххæтытæ балæвæрдтой 108 фæсарæйнаг абитуриенты. Ивгъуыд аз сæ нымæц уыд 67. Курдиæттæ исыны рæстæг фæуыдзæн августы. Фæсаууонмæ ахуырмæ та октябры кæрон. Уымæ гæсгæ ныртæккæ зын зæгъæн у Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыр кæнын кæй фæнды уыдоны нымæц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта исæн кампани
Категория:
Новости и СМИ