«Æрдхорд æфсымæртæ»
Ирон театры сценæйыл фыццаг бон æвдыст æрцыд спектакль «Æрдхорд æфсымæртæ». Куыстой йыл дыууæ мæйы. Спектакль æвæрд у Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ. Сценæйыл та йæ сæвæрдта Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви. Æвдыст дзы цæуынц хæлардзинады ахастытæ, адæм абон кæй ферох кодтой æмæ дызæрдыккаг кæуыл кæнынц, уыдон. Спектаклы архайынц 60 актермæ `ввахс, сæ сæйрагдæртæ Хуыгаты Сурен, Битарты Алыксандр, Токаты Зауырбег, Къуымæллæгкаты Владимир æмæ æндæртæ, афтæмæй. 10 азы фæстæ сценæмæ ногæй рацыд республикæйы адæмон артист Гуыбиаты Хъазыбег дæр. Режиссер ын бахæс кодта сæйраг роль. Спектакль æвæрæг Уалыты Гиви йæ зæрдæ дары, ахæм равдыстытæ адæймаджы миддунейæн ахъаззаг кæй уыдзысты, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Æрдхорд æфсымæртæ»
Категория:
Новости и СМИ