Ахадгæ `ххуыс
Бирæ сывæллæттæ кæм ис, уыцы æххуысцух сывæллæттæн балæвар кодтой скъоламæ хъæугæ дзаумæттæ. Мадзал «Сывæллоны скъоламæ бацæттæ кæн», зæгъгæ, сарæзтой Елхоты. Уый къухы бафтыд æхсæнадон организацийы уæнгтæ, стæй социалон æххуысы министрады фæрцы. Ацы акци цæуы 10-æм аз. Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны ис 18 мин бинонтæ, 3 кæнæ фылдæр сывæллоны чи хъомыл кæны. Акци аразджыты фæнды алкæмæн дæр баххуыс кæнын, цæмæй скъолайы рæстæг æдзæттæ ма уой. Дæттынц цын формæтæ, хызынтæ æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ. Баххуыс уал кодтой иу мин сывæллонæй фылдæрæн. Бинонтæ ахæм хъæппæрисæй тынг бузныг вæййынц, уымæн æмæ сын сæ къух зынгæ фæрогдæр кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ахадгæ `ххуыс
Категория:
Новости и СМИ